Ног хабæрттæ
Цæстдарæгон миссийы къухдариуæгад фæрстæн загъта «Урс лентæты» къампанийы хайад райсой
Евроцæдисы цæстдарæгон миссийы ныры разамонæг Эрик Хог Эргнеты фæрстæн загъта, «Урс лентæты» къампанийы хайад райсой.

Ай фæдыл фембæлды агъоммæ загъта Хог. Уый курдиатмæ гæсгæйæ, сылгоймæгты ‘рдæм тыхмидзинады ныхмæ арæзт 16 бонон къампани райдыдта.

Абон, инцидентты превенцийы æмæ уыдоныл реагиркæнынады механизмы фæлгæтты радон 82-æм фембæлд райдыдта. Медийы минæвæрттæн раздæрау ног стандарт кусы.

Медийы уыцы минæвæрттæн, кæцытæ фембæлды парахат кæнынц, лæвæрд цæуы медийы бейдж, æмбæлгæ бынæттæм бахизынæн.

Фембæлды райдыдмæ медийы минæвæрттæн медийæн æмбæлгæ бынæттæм бадзæуыны фадат ис. Фембæлды официалонæй байгом кæныны агъоммæ, медийы минæвæрттæн сæ бон у бацæуой фембæлды бынатмæ æввахс 15 минуты онг, фото – видео сисынæн æмæ аудио æрмæг фыссыны тыххæй. Ацы рæстæг вæййы фембæлды бынаты дыууæ 2-минутон уадзæны пресс-офисы минæвæрттимæ иумæ;

Медийы минæвæрттæ уый фæстæ раздæхынц медийæн æмбæлгæ бынатмæ. Кæд æмæ медийы минæвæрттæ фембæлды бынатæй рацæудзысты, фæстæдæр та сын фæстæмæ бацæуыны фадат уыдзæнис.

Фембæлды фæуды фæстæ, медийы минæвæрттæн фембæлды бынатмæ ввахс территорийыл фото – видео сисын æмæ аудио æрмæг фыссыны бар ис.

Print