Ног хабæрттæ
Чи байуæрста цывзы? – Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты минæвар журналисттыл тæрхондонмæ хъаст кæны
Стыр Леуахигомы Куртайы хъæуы муниципалитеты минæвар, Майсурадзе Къаха журналисттыл тæрхондонмæ хъаст кæны. Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн абон фехъусын кодта.

Уый ныхасмæ гæсгæйæ, лигъдæтты цæрæнуаты болгайраг цывзыйы байуæрсты факты алыварс, æндæр æмæ æндæр информацион фæрæзтæ дезинформаци рапарахат кодтой, уый тыххæй æмæ факт Куртайы æмæ Ереды муниципалитетты тыххæй раст не уыд.

«Уый уыдис нысанæмраст кампани. Сымахы алæвæрд информацийы æндæртæ раст не спайда кодтой, зæгъæм, телекомпани «Триалет», кæцыйæн бамбарын кодтон, цæмæй ацы цывзыйы хъуыддаг махмæ кæй нæ хауди, фæлæ уæддæр рæдыд информаци рапарахат кодтой. Уымæн æмæ сæ афтæ фæндыд. Ацы факты афтæ нæ ныууаддзынæн. Хъуамæ сыл бахъаст кæнæм хартиамæ», – зæгъы Майсурадзе Къаха.

Шида Картлийы информацион центр фыста, цæмæй лигъдæтты цæрæнуаты лæварæн болгайраг цывзы байуæрстой. Уым йæ фарсмæ гамгебелы минæвары информаци уыд амынд, кæцымæ гæсгæ, уыцы акцийы фæстæ лæууыд сæрмагонд компани, хъæрмуатон хæдзарад. Телекомпани «Триалеты» алæвæрд информацимæ та цы хауы, уымæ гæсгæ сюжеты тексты, акцент Куртайы æмæ Ереды муниципалитеттыл уыд арæзт.

«Бынæттон цæрджытæ та, ацы факты хицауадимæ сиу кодта, уымæн æмæ уæзласæн автомобилæй цывзы, байуарынæн, мæ хæдзары равдæлон кодтой. Мæнмæ йæ уый тыххæй равдæлон кодтой, æмæ йæ адих кæнынæн уыцы ранæй æнцонвадат у, стæй, æндæр рæстæджы дæр, ссад æмæ зети, алыхатт дæр ацы бынатæй лæвæрд æрцæуы. Раст уый тыххæй банымадтой адæм гамгеобайы хъуыддагыл, мæнмæ гæсгæ», – зæгъы Майсурадзе Къаха.

Print