13-æм декабры, изæры, змæлд «Тых иудзинады ис»-ы уæнгтæ Къаспы
муниципалитеты Нигозайы хъæуы уæвæг бæстыхай ныууагътой. Ацы змæлды
лидер Кацарава Давит Къаспы мэры аххосджын кæны æмæ зæгъы, цæмæй
хицауады бæрнон кусæг сын æнæаххосагæй ныууадзын кодта бæстыхай.
Уый ныхасмæ гæсгæ, объект æнæфункцийæ у æмæ æнæархайд культурæйы
хæдзары ‘вдисы.
Къаспы мэр Мерабишвили Манучар Шида Картлийы информацион центрæн
фехъусын кодта, цæмæй цæрджыты курдиатмæ гæсгæйы бындурыл, акцийы
уæнгтæн æнархайд култæрæйы хæдзары нæ, фæлæ ритуалты хæдзары
ныууадзын æмæ æндæр ранмæ ацæуын бауынаффæ кодта.
Фæрсты хсæн инцидент æмбисбоны райдыдта. Къаспы мэры, Мерабишвили
Манучары ныхасмæ гæсгæ, уыцы рæстæджы хъæутыл зылд æххæст
кодта.
«Нигозайы хъæу, кæцы у чысыл хъæу, федон, цæмæй хиуынаффæйады
балансыл уæвæг бæстыхай ахст у ацы змæлды уæнгтæн. Куыд сбæрæг
кодтон уымæ гæсгæ, мæн цалынмæ мэрæй сæвзæрстой уæдмæ уыдис ацы
хъуыддаг. Акцийы уæнгтæн загътон, цæмæй бæстыхай кæй хъæуы бынæттон
цæрджытæн сæхи, у ритуалты хæдзар æмæ йæ хицауад, растдæр, амы
цæрджытæн сарæзта. Ацы фембæлдыл уыдысты бынæттон цæрджытæ дæр.
Уыдон дæр загътой, цæмæй чысыл хъæуы æнæзонгæ адæймæгты змæлд
сабиты тæрсын кæны. Ай уыд, æрмæст, уынаффæ, ныхас кодтам сабырæй,
кæцыйыл уыдон дæр уæлдай ницыуал загътой. Загътой мын, цæмæй
цæрджыты куырдиат сæххæст кæндзысты æмæ æндæр ранмæ кæй ацæудзысты.
Ныртæккæ цы дзурынц, нæ зонын», – зæгъы Мерабишвили Манучар.
Акцийы æвварсхæцæг Берулава Лаша зæгъы, цæмæй Къаспы муниципалитеты
мэр тагъд æгъдауæй æркуырдта хатæны сафтид кæнын, кæцыйы тыххæй уый
ныхасгонд уыдис уыдонимæ цæмæй зымæг арвыстаид уым.
«Дуармæ нын рахæссын кодтой нæ мигæнæнты, видеотехникæйы æмæ иннæ
дзаумæтты иуылдæр. Нæ дæр нын уый бар раттой, нæ хæлæртты æлхæд
контейнеры искуы æрывæрын мидхъуыддæгты министрады рдыгæй, уыцы
нысанæй, æмæ стационарон пост уырыссаг оккупантты смæсты
кодтаид.
Мах хъуыды кæнæм, цæмæй ацы нысанæрдæмадон архайдтытæ ацы бынатæй
мах арвитыны тыххæй сты, нæ миссийы ныппырхкæныны рдæм сты арæзт,
фæлæ уый не рцæудзæнис. Мах экстремалон уавæрты адарддæр кæндзыстæм
нæ миссийы, æмбæстагон змæлды тыххæй закъонæй уагъд алы активы
фæлгæтты», – зæгъы Берулава Лаша.
Змæлд «Тых иудзинады ис»-ы акци 2017 азы 24-æм июлæй райдыдта.
Акцийы организаторты нысан у дихгæнæг хаххы цур цæугæ процестæм
«лайв-режимы» сæ цæст дарой æмæ а.х. змæлгæ оккупацийы тыххæй
информаци цæрджытæн æвæстиатæй бадæттой .
Нигозайы хъæу автобанмæ ввахс у. Ам сæйрагæйдæр цæрынц этникон
ирæттæ.