Меджврисхеуы, Ахалубанийы, Квархеты, Мегъврекисы æмæ Хурвалеты фæндæгты проектиркæнынад райдайдзæн
Гуры мэриа Меджврисхеу-Ахалубанийы, Мегъврекисы æмæ Хурвалеты
хъæуты фæндæгты сасфальт кæнынæн, проектты цæттæ кæнын райдыдта.
Уый тыххæй бынæттон бюджетæй 10 мин лари хардзгонд
æрдзæудзæнис.
Мериайы администрацийы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, проектон организаци
хæсджын уыдзæн, проекты саразгæйæ, максималонæй хъуамæ сæххæст кæна
æндæр æмæ æндæр домындзинæдтæ.
Сæрмагондæй, проектон организаци бынатыл бабæрæг кæндзæнис
арæзтадон объекты; æрмæст, картæйы æххуысæй ма хъуамæ сараза
хаххнывты æмæ а.д. практика фенын кæндзæнис, æмæ проектты
сахъатдзинад кæй ис, уымæн æмæ аразæг компанийы куысты райдыдæй
бынатыл æндæр æмæ æндæр проблемæтæ фæзыны.
Фæндæгтæм цы хауы, уымæй, Меджврисхеуы – Квархетмæ бацæуæн фæндаджы
дæргъ у 2000 метрмæ æввахс; Меджврисхеу-Ахалубанийы хъæуы иугæнæг
фæндаджы дæргъ – 1800 метрмæ ввахс. Мегъврекисы хъæуы бацæуæн
фæндаджы дæргъ – 2000 метрмæ ввахс; Хурвалеты хъæуы фæндаджы дæргъ
та – 900 метрмæ ввахс.