Ахалгоры районы цæрæг, æмбæстагон активист æмæ журналист
Меарахъишвили Тамар хъусрдард æмæ æххуыс куры. Цыппар мæйы дæргъы,
сæрмагонд арæнæвæрдты тыххæй, уæгъдибарæй рацу-бацу кæнын йæ бон
нæу. Амæ ма финансон кризис дæр бафтыд, уымæ гæсгæ дэ-факто Хуыссар
Ирыстоны хицауадимæ тæрхондоны хъаст январæй нал адарддæр
кæндзæн.
«4 мæйæ фылдæр у Хуссар Ирыстоны хицауады «уацайраг» дæн, хъæдзары
цæрын, фæлæ мын алцыдæр арæнгонд ис. Нæй мын гæнæн уæгъдибарæй
дыууæрдæм цæуын, басгæрсты рæстæджы цы дзаумæттæ æмæ мигæнæнтæ
ахастой, уыдонæй иу дæр фæстæмæ нæма раздæхтой. Æгас ацы периоды
дæргъы бинонты, æмгæртты æмæ хæлар адæймæгты æххуысæй цæрын. Кæй
курдиаты бындурыл дæн ахæм уавæры, уыдон сæхæдæг сæрибарæй
дыууæрдæм кæнынц Тбилисмæ æмæ, æндæр æмæ æндæр горæттæм. Æппæт ацы
периоды, куыд уæдмæ уыдис, фидын æндæр æмæ æндæр банкы хæстæ,
фатеры аргъ Тбилисы мæ чызгæн, æрвыл мæй ахуыры аргъ, æлхæнын
медикаменттæ, ацæуын мæхи хардзæй тæрхоны процесстæм...
бафæлладтæн. Тынг бафæлладтæн æмæ мæм ницæйуал тых баззад. Мæ
чызгæн йе студентон-картæ æрурæдтой æмæ университетмæ нал
ацæудзæнис, куыд æз нал ацæудзынæн январы тæрхоны процессмæ. Никуы
тъизыдтæн æмæ ныр дæр нæ ныффыстаин, мæ бон куы уаид уæгъдибарæй
дыууæрдæм цæуын раздæрау», - фыссы Меарахъишвили Тамар.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цæмæй 2017 азы 16-æм августы
Ахалгоры æмбæстагон активист Меарахъишвили Тамары, хахуыр кæныны
статьяйæ, æрцахстой æмæ йын хæдзарон ахæст раттой. Цхинвалы
прокуратурæйы версимæ гæсгæ, Меарахъишвили дэ-факто республикæйы
хицауиуæг партийы, «Единая Осетийы» уæнг, Дриаты Спартакы кад æмæ
цыты фегад кодта. Меарахъишвилийы хæдзарæй компютерон техникæ æмæ
мобилон телефон ахастой. Ацы алцыппæтæн æмбæстагон активист аргъ
кæны куыд фæтæрсын кæнынæн.
Меарахъишвили Тамар районы æнæзакъондзинады тыххæй арæх критикæ
кæны бынæттон хицауады æмæ ныхас кæны коррупцион факттыл. Бирæ
хæттыты йæ бафæдзæхстой цæмæй фескъуыдтаид æмахастытæ Радио
сæрибаримæ. Ахалгоры фæдагуырд дарддæр цæуы, адæймаджы
барадхъахъхъæнджытæ та зæгъынц, цæмæй Меарахъишвилийы ахст
æнæзакъонæй у æмæ йын арæнæвæрынц йæ фыстыты сæрибардзинадыл.