«– Дыууæ сывæллоны хосы цъынайы бын бабырыдысты, расурут сæ», –
хъæрахст кодта Вахшама. Болшевикон гвардиæгтæ хосы цъынатыл арт
бафтыдтой. Лæппутæ рабырын афæлвæрдтой, сæ сæртæ радардтой цъынайы
бынæй æмæ хъæр кæнын райдыдтой. Вахшама дыууæ æхстæй, дыууæйы дæр
амардта. Мæстæйдзаг мад, кæцыйæн дзидзидай сывæллон уыдис йæ къухы
судзгæ цъынайырдæм базгъордта. Гвардиæгтæй сæ иу сылгоймагæн йæ
къухтæй стыдта сывæллоны æмæ йæ судзгæ цъынамæ бахста. Мадæн та, йæ
къухты дзыккутæй æрбатыхта, йæ сæрыл ын хæрдмæ схæцын кодта æмæ йæ
артмæ кæсын кодта, куыд сыгъдис сывæллон, уымæ.
– Зынг! – хъæрахст кодта Вахшама. Дыккаг срæмыгъды фæстæ йæ къахыл
ничиуал лæууыдис. Цæф сабитæ сæ хъæрзтæй сæхи раргом кодтой.
– Ныссабыр сæ кæнут! – бардзырд ратта раздзог. Гвардиæгтæ сæм
багæппытæ кодтой æмæ сæ лыстæг къуыхтæ скодтой. Стæй зæхкусæг адæмы
ракодтой уæрм къахынмæ» (Нино Марджанидзейы фыстуацæй сфыст «Руисы
трагеди»).
Чысыл раздæр, Руисы астæуккаг скъолæйы педагогы блогыл федтам
информаци, цыран фыст уыд, цæмæй 9-æм къласы ахуырдзауты пианист
Паниашвили Медейæйы сфæлдыстад æмæ куыстимæ базонгæ кæндзысты. Ам
ма фæнысангонд ис, цæмæй ахуырдзауты хъæугæронмæ Лашедоны цурмæ
акæндзысты æмæ мемориалмæ дидинджытæ бахæсдзысты. Ай уыцы бынат у,
цыран 93 азы размæ, Паниашвилиты мыггаджы минæвæртты, сабиты æмæ
сылгоймæгты куы фехстой. Сыджыты ныгæд мæрдты хсæны ма иунæг
сывæллон удæгасæй аирвæзтис. Ацы сывæллон Гуырдзыстоны сгуыхт
артисты Паниашвили Медейæйы фыд уыдис.
Трагикон хабар 1924 азы æрцыд. Большевикты ныхмæ арæзт растад
дæрæнгонд æрцыд. «Сырх» хицауад бæстæйы масштабæй, уæздæтты æмæ сæ
бинонты уæнгты репресир кæныныл балæууыд. Алкæмæй фыдæхсæвдæр уыцы
æхсæв Руисы Паниашвилитыл скодта.
Удæгасæй аирвæзт Паниашвили Зурабы радзургæ цауы Руисы хъæуы цæрæг,
Бузиашвили Ладо бафснайдта. Уый цалдæр азы размæ, хъæуы хицауæй дæр
куыста æмæ Руисы историйы тыххæй чиныг дæр ныффыста.
Ацы чиныджы ис удæгасæй аирвæзгæ Паниашвили
Зурабы радзургæ цауы тыххæй дæр:
«Райгуырдтæн 1913 азы Руисы хъæуы. Натлигонд дæн Урбнисы кафедралон
аргъуаны, мæ ныййарджытæ – мæ фыд Паниашвили Баадур æмæ мæ мад
Ишхнели Аникъо, мæ мады зæнæгтæ æртæйæ æмæ æз цардыстæм иумæ æмæ
цардæй радыстæм, хъомыл кодтам чырыстон диныл, уыдыстæм
растцытгæнæг уырнынадимæ, ам нын æххуыс кодта мæ мадыхойы лæг,
Саларидзе Давит кæцы Руисы кафедралон аргъуаны сауджынæй
куыста».
Иу хатт хъæуы сæрты хæдтæхæг æрбатахти æмæ прокламацитæ æркалдта,
цыран фыст уыд, «Æфсæйнаг цъылынæй дам уæхи уæхæдæг ныммæрзут,
уæздæттæ». Мах æрымбырд стæм нæ мыггаджы аргъуаны, кæцы Мады
Майрæмы номыл у. Сауджын Давит нæ æрсабыр кодта æмæ нын ныфсытæ
бавæрдта, цæмæй æмбарындзинад кæй фæуæлæхиз уыдзæн. Стæй нæ, нæхи
зæхкусджыты ныфс дæр уыд, зындзинады рæстæджы иу алыхатт дæр мах сæ
фарсмæ лæууыдыстæм æмæ æнхъæл уыдыстæм, уыдон дæр нæ афтæ кæй нæ
ныууагътаиккой, фæлæ æрра адæмы бардзы раз ничи балæууыд…».
Уыдонæн абырæг, чидæр Вахшама разамынд кодта. Большевиктимæ баныхас
кодтой æмæ йын сæрмагонд æфхæрæг къорды разамындзинад бахæс кодтой.
Уый дæр йæ алыварс æрымбырд кодта æндæр æмæ æндæр адæмы хаттæй
йæхихуызæн абырджытæ æмæ стигъджытæ, кæцытæн сæ карздзинадæй
хъуыстгонд уыд сæ ном æгас уезды (хъæуы) мидæг.
«Сауджын Саларидзе нæ сæрыл рахæцыд, фæлæ сæ уый дæр нæ баурæдта
уыцы лæгхорты. Акодтой нæ… нырма нæ цыма Урбнисы аргъуаны хъуамæ
æрымбырд кодтаиккой, фæлæ стæй сæ хъуыды фæивтой æмæ нæ Гурырдæм
ракодтой. Фæндагыл нæ цалдæр хатты æрлæууын кодтой, нымадтой нæ;
уый фæстæ куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ, æнхъæлмæ кастысты æрталынгмæ.
Бакодтой нæ иу адагы цурмæ, цыран чысыл цæугæдон цыдис… Иу рæнхъыл
нæ слæууын кодтой. Хистæртæ нæ сæ фæсте слæууын кодтой. Вахшама
цыдæр сусæгæй асыбар-сыбур кодта гвадийæгтæн. Уыцы уысм нæм
æрбагæппытæ кодтой æмæ нæ разæй слæууын кодтой. Мадæлтæ кæуын
райдыдтой: нырма дам мах амарут, нæ хъæбулты мæлæты дам нын ма
фенын кæнут, фæлæ лæгмар удхортæн æппындæр намыс нæ баззад.
Раздзоджы нысанæй карст халау æркалдыстæм. Æхсты рæстæджы махмæ
уазæгуаты уæвæг мæ фыдыхо Тинатин мæ йæ буарæй амбæрзта æмæ уый
буары ахызт нæмыг мæныл сæмбæлд. Иууылдæр æдзæмæй калд уыдыстæм
зæххыл, стæй дыккаг, æртыккаг æхст æмæ къахыл лæууæг ничиуал
баззад. Вахшама бардзард ратта, басгæрстаиккой нæ, цæмæй удæгас
мачи баззадаид. Гвардиæгтæ уайтагъд нæ уæлхъус алæууыдысты
хъаматимæ, джебогътимæ. Дыууын æртæ цæфы фæдæн, адонæй фондз –
сæрыл (хъуырыл дæр зыны цæфы нос – Б. Л.) уый фæстæ нæ адагмæ
ныккалдтой æмæ ныл уырдæм сыджыт бакалдтой.
Æрцыд æнахуыр диссаг: уыцы 96 ныгæд мæрдты хсæн æз баззадтæн
удæгасæй æмæ ма иу сылгоймаг. Цыма бæрæгæй уыдтон, уыцы æртæ боны
дæргъы, цалынмæ ныгæд уыдтæн, куыд тох кодтой хæйрæджытæ æмæ зæдтæ
мæн тыххæй, иуты фæндыд мæ амæлæт, иннæты мæ фервæзын кæнын. Зæдтæ
мын æмбарын кодтой цæмæй мæхи фæфидар кодтаин. Мыстулæг мын мæ сæры
цæфæй цæсгомыл æрлæдæрсгæ туджы асæрфта, мæ дзыхæй сыджыты былмæ
ахуынкъ кодта, цæмæй улæфыдаин. Зæдтæ мыл узæлыдысты æмæ мæ тыхмийæ
хъæр кæнын кодтой, фæлæ мæнæн хъæр кæнын мæ бон нæ уыдис.
Мæ разы фæзынд сылгоймаг, кæцы мæм мæ мады æнгæс фæкаст. Уый мыл
узæлыдис æмæ мæ куырдта, схъæлæба кодтаин, цæмæй уæле исчи
базыдтаид мæ уавæры»… Уыцы трагедийы бынатмæ адæм цыдысты
дидинджытæ хастой, куыдтой. Ацы рæстæджы сæм сыджыты бынæй уынæр
фехъуыст. «Тагъддæр, æнхъæлдæн, æмæ дам удæгас сты», фыссы
Бузиашвили Ладо.
Сыджыт уайтагъд ракъахтой, фæлæ удæгасæй æрмæстдæр чысыл Зураб
аирвæзт. Лæппуйы Гурмæ акодтой. Йæ мадыфсымæр, Ишхнели Сикъо,
æфсæддон дохтыр, сывæллоны госпиталы схуыссын кодта. Операци йын
уыцы рæстæджы Парижæй Тбилисмæ æрцæуæг дохтыр скодта.
Паниашвили Зураб фервæзтис, схъомыл, бинонтæ æркодта.
Паниашвилиты трагедийы бынаты Руис-Урбнисы митрополиты
куывд-аргъуыдæй скодтой дзуар, хъæуы цæрæг Гиоргадзе Гиа та,
мемориал.
Фæстæдæр Паниашвили Зураб уыдис центролиты генералон директор,
къадры полковник. Йæ хъæбул, Паниашвили Медейæ уыд зынгæ пианист,
Гуырдзыстоны сгуыхт артист, æхсæнадон архайæг. Уый бындур ныккалдта
Гуырдзыстоны музыкалон педагогон институтæн.
«Ацы истори у не ‘мхъæуккæгты тæригъæддзинад, кæцы нæм нæ фыдæлтæй
æрхауд. Рæдыд, кæцы фæивддзаг фыдтæн, фæлæ мæ ныфс уыдзæн, цæмæй
кæй рараст кæндзысты уый хъæбултæ æмæ фидæны сараздзыстæм ноджы
ирддæр æмæ стырдæр фидæны нæ сомбоны фæлтæрæн», – фыссы Руисы
астæуккаг скъолæйы педагог Мгъебришвили Эка.
Паниашвилиты мыггаджы аргъуан.