Хачирашвили Лали 22-æм декабры куыстмæ рацыдис, уый ацæргæты
хæдзары кусы æмæ мах уым куы уыдыстæм уыцы рæстæджы уый ацæргæтæн
аходæн цæттæ кодта.
Зæгъы, цæмæй 20-æм декабры уый куы æрцахстой тынг фæтарстис. Йæ
хъуыдыйы дæр нæ уыд, æмæ йæ цæхæрадоны æмбæхст æфсæддоныл
сæмбæлдаид.
«Нæ хæдзар æмæ кæрт сындзтелгæрæнмæ хæрз æввахс у. Уыцы бон нæ
куыстон æмæ хæдзары куыстытæ кодтон. Фосмæ базылдтæн. Федтон æй,
æмæ чидæр æнæзмæлгæйæ хуыссы, æнхъæлдтон адæймаг æвзæр уыд æмæ йæ
æххуыс хъуыд. Уый та æмбæхст уыдис», - зæгъы Хачирашвили Лали.
Куыддæр æм баввахс дæн, афтæ æфсæддон кæрдæджытæй æваст растад æмæ
загъта, цæмæй уый арæнгæс уыд. Хачирашвили Лали Цхинвалы изолятормæ
ныккодтой. Дзуры, цæмæй уымæ Цхинвалы нормалон ахастдзинад
равдыстой æмæ хъæугæ процедурæтæ дæр тагъд сарæзтой.
«Уымæ æнæгæсгæйæ, уыцы бынатмæ тæсæй æвæццæгæн æввахс нал
бацæудзынæн», - зæгъы Хачирашвили Лали.
Хурвалеты хъæуы цæрæг Хачирашвили Лали 20-æм декабры æрцахстой.
Дэ-факто Хуссар Ирыстоны республикæйы тæрхондон æй, ивар бафидыны
фæстæ, 21-æм декабры ссæрибар кодта.
Евроцæдисы цæстдарæгон миссийы минæвæртты æххуысæй, ахæст
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæм лæвæрд æрцыд.
Ныр цалдæр боны у, Хурвалеты хъæуы Уæрæсейы æфсæддон тыхты
минæвæрттæ, сындзтелгæрæнмæ ввахс æрбацæуынц. Æхсæвы сахатты дæр
уыдон судзгæ фарæтимæ, змæлынц.
Банысангонд бынатыл цæрджытæ дихгæнæг хаххмæ хæрз æввахс цæрынц.
Дæрддзæг 10-20 метры дæр нæу. Æмбондмæ ввахс цæрæг цæрджыты
уырыссаг æфсæддонтæ фæдзæхсынц, цæмæй сындзтелгæрæнмæ 15 метрæй
æввахсдæр ма цæуой.