Ног хабæрттæ
Англисаг æвзаджы педагогтæ ацæргæты хæдзарæн лæвæрттæ бахастой
Йæхи къухæй быд худтæ педагог Болашвили Майа йæхæдæг бахаста зæрæдтæн. Абон уый Хурвалеты хъæуы ацæргæты хæдзармæ, англисаг специалистты номæй, æрбацыд. Ахуыргæнджытæ ацæргæты хæдзарæн коммуналон фидинæгты бафидынæн æхца дæр æртымбыл кодтой.

«500 ларийы бæрц æртымбыл кодтам æмæ аскъуыддзаг кодтам, лæвæртты бæсты, ацы этапыл, ноджы ахсджиагдæр хъуыддаг сарæзтаиккам балæууæндонæн. Стыр хайбавæрд ис нæ коллегæйæн, кæцы Америкæйы цæры», - зæгъы Болашвили Майа.
Ацы æхцайæ бафыстой æрдзон газы фидинаг.

Ногазмæ «Æнæарæнтæй хæдзар» æппæтæй хуыздæр зæрдæйы уагимæ æнхъæлмæ кæсы. Кæрты назбæлас дæр сфæлыстой, кæцы сын Цхомелидзе Русудан Тбилисæй æрбарвыста.

Гуры муниципалитеты Хурвалеты хъæуы «Æнæарæнтæй хæдзар» 2016 азы байгом. Социалон уагдон ацæргæтæн мултипрофилон сервис дæтты, цахæм у боны центры лæггад, хæдзармæ зылды сервис æмæ темы 24 сахатон лæггад (балæууæндон).

Банысангонд центр дихгæнæг хаххы цур хъæуты, Хурвалеты, Цъителубанийы, Надарбазевы, афтæ ма Хурвалеты æмæ Шаушвебы лигъдæтты цæрæнуаты цæрджытæн арæзт æрцыд. Хæдзарæн къухдариуæг кæны Абхазийæ лигъдон Салиа Людмила.

Уый ацы проекты гермайнаг организацийы «Арбаитер-Самаритер-Бунди», хæрзаудæн гуманитарон центры «Абхази» æмæ Америкæйы лигъдæтты æмæ миграцийы бюройы финансон æххуысæй, сарæзта.



Print