Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххы цур цæрæг бинонтæ зымæджы мæйтæн 200 ларийы ваучертæ райсдзысты
Дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты, зымæджы мæйты хъармгæнæнæй сифтонг кæнынæн, цæрджытæ 200 ларийы ваучер райсдзысты. Ай тыххæй суммæ хицауады резервон фондæй рхицæн кæндзысты.

Информацийы Гуырдзыстоны регионалон æмæ инфраструктурæйы министрад парахат кæны. пресс-куыстуаты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, скъуыддзаг ист æрцыд дихгæнæг хæххытæм ввахс хъæуты цæрджыты хъæугæдзинæдтыл реагир кæныны хицауадон къамисы рабадтыл.

Рабадтæн разамынд кодтой, регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министр Алевидзе Зураб æмæ фидауыны æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты Гуырдзыстоны паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван.

Иумæйагæй, дихгæнæг хæххыты цур цæрæг бинонты паддзахад хъармгæнæны ваучерæй 2013 азæй ифтонг кæны. Хицауадон къамисы рдыгæй ауагъд куысты фæлгæтты абоны онг Гуырдзыстоны хицауад 9 463 977 ларийы рахицæн кодта.

Æркæсинаг фарстæты хсæн ма уыд, студенттæн ахуыры æргъады сфинанс кæныны фарстæ. Ацы аз паддзахад дихгæнæг хæххыты цур цæрæг 1000-æй фылдæр студент сфинанс кæндзæнис.

Министрады бæрæггæнæнмæ гæсгæ, къамисы куысты фæлгæтты дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты 2013 азæй арæзт æрцыд – газификацийы, доны, ахуырады сфинанс кæныны, æнæниздзинад хъахъхъæныны, хъæууон хæдзарады æмæ æндæр æрдæмадтæй. Рабадтыл уыдысты æндæр æмæ æндæр министрады æмæ бынæттон хиуынаффæйады органты минæвæрттæ.



Print