Гуры муниципалитеты Ахалхизы хъæуы католиктæ сарæзтой. 1907 азы ацы
бынатыл 13 хæдзары æрцардис. Уыдон Самцхе-Джавахетæй, Хизабаврайæ
æрцыдысты. Зæхх Падре Доминикъ Пацъадзе-Мугъашашвили, аргъуанæн
нывонд суммæйæ, балхæдта. Ног æрцæрæг адæм хъæуыл ном сæвæрдтой,
фæлæ, коммунистты периоды ацы номæй нæ бауагътой хонын хъæуы, уымæ
гæсгæ сын æндæр гæнæн нæ уыд æмæ йæ схуыдтой Ахалхиза.
Ахалхизы абон дæр цæрынц Доминикъ Пацъадзе-Мугъашашвилийы æмæ иннæ
бинонты фæдонтæ, кæцытæ дыууынæм æнусы райдайæны, Самцхе-Джавахетæй
Осмалты империйы цъисткæнынадæй ралыгъдысты.
Падре Доминикъ, аргъуаны æрымбырд суммæйæ, Шаликашвилиты
æлдарон-азнаурон банкы гираойы æвæрд зæххыты балхæдта. Раздзоджы
1911 азы амардтой. Паддзахы Уæрæсейы рæстæджы баххуырсгæ абырджытæ
хæдзармæ балæбурдтой æмæ йæ хъамайæ ныххуынчъытæ кодтой. Жандармтæ
абырджыты фæд ссардтой. Падрейы та, Гуры «французæгты аргъуаны»
баныгæдтой. Ацы аргъуан, ныртæккæ, Мады Майрæмы номыл æмæ Гуры
эпархийы сæйраг аргъуан у.
Падрейæн бинонтæ нæ баззад, фæлæ, ныртæккæ йе ‘фсымæры фæдонтæ
цæрынц уым, кæцытæ Музашвилитæй сты регистрацигонд. Уыдон, абон,
25-æм декабры, Цыппурс бæрæг кæнынц. Хæдзары сыхæгтæ æмæ æввахс
хиуæттæ æрæмбырд сты.
Падре Доминикъе.
Æнæзонгæ у Доминикъы райгуырæн боны датæ. Уый 1890 азы каст фæцис
Константинополы гуырдзиаг католикты моладзандоны, Харисчъарашвилийы
арæзт духовон семинарийы.
Равзæрæнтæм гæсгæ, уый кодта духовон сфæлдыстадон куыст Тбилисы,
Гуры. Тох кодта Месхеты гуырдзиаг католикты национдзинады фервæзын
кæныны фæдыл. Тбилисы йæ радакцигондæй мыхуыры цыд гуырдзиаг
католикты журнал «Джвари вазиса (Дзуар сæндоны)». У автор зонадон
куысты «Фæцыбыргонд куывды истори католиктæн Доминикъе
Мугъашашвилийæ» (Тп., 1904).
Историон равзæрæнтæм гæсгæ, Доминикъ Мугъашашвилийы фыдæлтæ Пацъаты
мыггаг хастой æмæ цардысты Ахалцихейы, Рабаты алфæмблайы. XVII
æнусы Туркæй сæ расырдмæ гæсгæ Хизабаврайы хъæуы æрцардысты.
Аирвæзыны нысанæй, сæ мыггагимæ иумæ сæ дин дæр раивтой æмæ
католикондзинад райстой.
Бетлемы фыццаг азтæ
Ахалхизайы хъæуы æрцæргæ бинонты хсæн сты Чъонишвилитæ,
Мамукъашвилитæ, æмæ а. д. Мурадашвилиты бинонты чындз Аванашвили
Ана, кæцы Ахалхизайы хъæуы астæуккаг скъолæйы англисаг æвзаджы
ахуыргæнæгæй кусы.
«Мæ мойæн йæ нанайы хуыдтой Камал, уымæн æмæ, цæмæй Камал пашайы
зæрдæмæ цыдаид. Фæндыд сæ цæмæй йæ аскъæфтаиккой. Ацы сылгоймаг иу
туркаг æфсæддоны амардта æмæ стæй уый дарæсы мидæг рацу-бацу кодта.
Æнæнхъæлæджы базыдта, æмæ пашайы адæм гуырдзиаг æвзонг лæппуты
хъуамæ æрцахсой æмæ сæ акæной, нæ зонын, марынмæ æви цæй тыххæй,
фæлæ ацы сылгоймаг уыцы хабар алкæмæн дæр фехъусын кодта. Уыдон
æхсæн, йæ уарзонæн дæр, мæ мойы дадайæн. Ацы 14 æрыгоны хъæдмæ
алыгъдысты æмæ дыууæ къуырийы дæргъы хæхты бын сæхи бааууон кодтой.
Арт дæр иу нæ кодтой, цæмæй сæ мачи бафиппайдтаид», - зæгъы
Аванашвили Ана.
Дзуры, цæмæй алы бинонтыл дæр уæззау истори æрцыдис. Арæх суадоны
цур Осмалты империйы стæры цæуджыты ‘рдыгæй фæмардуæвæг æрыгæттыл
æмбæлдысты. Уымæй дарддæр ма, иу сылгоймæгты дæр скъæфтой.
«Мæ мойы дада, «Камалимæ» æмæ æндæр лæппутимæ иумæ куы алыгъдысты
хъæдмæ, фæндагыл иу æвзонг чызг федтой, мæлæтдзаг уавæры уыд
фырнадæй. Се ‘ккой йæ фæхастой æмæ йæ фервæзын кодтой. Камал хыссæ
хæцъилы мидæг змæста, тæпъæн æй кодта дурыл æмæ йæ хурмæ æвæрдта.
Ахъуыды ма кæнут хурмæ фых дзул, арт дæр нæ кодтой, цæмæй сæ мачи
фæфиgпайдтаид. Уый фæстæ чысыл куы æрсабыр ситуаци, рацыдысты
ацырдæм», - зæгъы Аванашвили Ана.
Æмахастытæ бынæттон темимæ
Æппæты фыццаг, Ахалхизы территорийыл æрцæргæ месхегты бынæттон
цæрджытæ хорз нæ райстой æмæ се хсæн быцæутæ уыдис. Паддзахы
Уæрæсейы рæстæджы, революционертæ уыдон Бетлемæй расурыныл
архайдтой. Чъонишвили Саба дзуры, зæгъгæ дам, Гуры мазрайæ,
æгæрыстæмæй, сармадзантимæ дæр æрцыдысты хъæумæ, цæмæй хъæуы
скуынæг кæной:
«Мæ фыд 11-аздзыд уыд, Доминикъы куы амардтой. Йæ ахуыргæнинаг
уыдис. Хæдзармæ йæм абырджытæ куы æрбалæбурдтой, уæд ацы чысыл
лæппу тъахтъийы бын бабырыд. Иумæйагæй, стыр быцæудзинад расайдта
мах æрцард уым. Уым æввахс хъæуты цæрджытæ хъуыды кодтой, цæмæй сын
мах сæ зæххытæ исæм, фæлæ махæн суммæ фыст уыдис. Хæдзæрттæ арæзт
уыдысты æмæ цæхæрадоны дæр куыстой. Иу хатт сармадзантимæ куы
æрбацыдысты Бетлеммæ, уæд федтой, æмæ сылгоймæгтæ цæхæрæдæтты куыд
кусынц. Ныр дам адон куыд хъуамæ фехсæм æмæ фæстæмæ аздæхтысты.
Уымæ нæ гæсгæйæ, Падре Пацъадзе уæддæр сæ амæттаг фæци», - ныхас
кæны Чъонишвили Саба.
Чъонишвили Саба уыцы мыггаджы минæвæрттæй сæ иу у, кæцы ацы хъæуы
æрцардис. Уый нын уыцы бынат фенын кодта, цыран фыццаг хæдзар
самадтой. Ацы бынат уæлмæрдтæм æввахс у. 1921 азы зæхынкъуысты
рæстæджы зæронд хæдзæрттæ, кæцытæ нæ уыдысты хорз амад, ныппырх
сты. Уый фæстæ бетлемæгтæ чысыл дæлдæр, ныртæккæ кæм цæрынц уыцы
хъæуы бынатмæ æрцыдысты.
Большевикты
цъисткæнынад
Хъæуы территорийыл бетлемæгтæ скъолæ сарæзтой. Сабиты рæвдауæндон
дæр æмæ аргъуан дæр. Хъæу сæйрагæйдæр меньшевикон хицауады периоды
арæзт æрцыд. Чъонишвили Саба зæгъы, цæмæй раст меньшевикты проектмæ
гæсгæ арæзт у хъæу.
«Бакæсут æндæр хъæутæм, куыд сты арæзт. Коммунисттæ иу сарæзтой иу
централон фæндаг æмæ æгас хъæу уыдис ацы фæндагыл баст. Махмæ афтæ
нæу. Махмæ алы хæдзарæн йæхи фæндаг ис. Уникалон проект сарæзтой
меньшевиктæ», - зæгъы Чъонишвили Саба.
Большевикты æрцыды фæстæ, аргъуан ныппырх кодтой аргъуаны дзумæттæ
æмæ мигæнæнты акалдтой. Бетлемæн дæр йæ ном фæивтой æмæ йыл
Ахалхиза сæвæрдтой.
Нырыккон
Ахалхиза
Ныртæккæ, хъæуы цæры 100 хæдзармæ æввахс. Сæ иу хай растцытгæнæгон
æгъдауæй натлигонд цæуынц, цæрджыты 2-3%-мæ ввахс католикон
æгъдауыл цæуынц, уæлдайдæр та, карджын адæм.
Педагог Папидзе Нона цалдæр азы ныр хъæуы историйы тыххæй æрмæджытæ
иртасы, цалдæр проекты хъæуы скъоладзаутимæ иумæ сæххæст кодта.
Аразы фембæлдтæ Падре Доминикъы царды æмæ сфæлдыстадон куысты
фæдыл. Этнографион музейимæ иумæ, монографи дæр бацæттæ кодта.
«Абон ацы арæн – католикты æмæ растцытгæнджыты хсæн, цыма хахгонд
æрцыд афтæ у, кæд æмæ раджы зæгъæм уыд негативон ахастдзинад,
сæйрагæйдæр, сыхаг хъæутимæ, фактивонæй ныртæккæ уый нал ис. Сбирæ
сты бинонтæ. Бирæ бинонтæн сæ чындз растцытгæнæг у. Æмбарынад дæр
фæивта. Чи ма баззад традицион, католикон уырнынады, уыдонæн дæр
сæхи аргъуан ис. Ис сын сæхи Падре æмæ кувынц æндæр æмæ æндæр
бæрæгбонты рæстæджы», - зæгъы Папидзе Нона.
Ахалхизæгтæ, ныртæккæ, курынц, цæмæй хъæуæн йæ зæронд ном лæвæрд
æрцæуа. Куырдиат ивгъуыд азы, нырма ноджы, муниципалитеты
гамгеобамæ бахастой. Ацы рæстæгмæ, нырма фарст гомæй зайы. Хъæуæн
зæронд номы фæстæмæ раздахын бынæттон растцытгæнæг аргъуаны
сауджын, Фыд Давит дæр домы.
Педагог Папидзе Анайы сæргълæудæй мыхуыргонд монографийы уыцы
адæймæгты истори дæр ис, кæцытæ Гуырдзыстоны историйы сæ фæд
ныууагътой.
Ахæм у, зæгъæм, Тархнишвили Михеил.
Тархнишвили Михеилы
истори
Тархнишвили Михеил Ахалхизы хъæуы сыхаг Скърайы хъæуы адæмон
скъолæйы 1911-1913 азты ахуыр кодта. 1913 азы та Константинополмæ
(Стамбул) ацыдис гуырдзиаг католик моладзантимæ иумæ, кæцытæ
уырдыгон гуырдзиаг аргъуанон скъолæйы ахуыр кæй фæндыд уыдоны
æвзæрстой.
1917 азы ныууагъта Турчы бæстæ æмæ авд гуырдзиаг æрыгонимæ иумæ йæ
ахуыр адарддæр кодта гермайнаг бенедиктинелты горæт Эталы (Хуссар
Байерн, Гармиш-Партенкирхены) зынгæ Сабатойы. Гуырдзыстоны
хæдбардзинады расидты фæстæ, 1919 азы Тархнишвили Михеил цыбыр
рæстæгмæ райгуырæн бæстæм æрыздæхт æмæ Тбилисы адарддæр кодта йæ
ахуыр. Уый уыдис йæ фæстаг визит. Уыцы азы декабры мæйы, фæстæмæ
Туркмæ афæндараст. 1923 азы каст фæцис Константинополы капуцинты
колледж. 1929 азы ныццыдис Риммæ, цыран нырма бердзейнаг колледжмæ
бацыдис уæгъдибар хъусæгæй, уый фæстæ та, ахуыр кодта Римы Папы
скæсæйнаг æвзæгты институты (1930-1933 азты). Ам латинаг æвзагыл
бахъахъхъæдта диссертаци ахæм темæйыл: «Театинаг кувджытæ
Гуырдзыстоны 17-æм æнусы» æмæ райста докторы зонадон къæпхæн.
1931 азы 6-æм августы Тархнишвили Михеил аргъуыд æрцыд сауджынæй
Риммæ ввахс, Гротафераты бердзейнаг Сабатойы. 1934 азы райста
духовон æхсæнады хæслæвæрд – Францийы, Белгийы æмæ Германы уæвæг
гуырдзиæгтæй схъомыл кодтаид бæрнон минæвæрттæ Скæсæйнаг аргъуанæн.
Ацы нысанæй уый арастис бенедиктаг фыдтæм нырма Парижмæ, уый фæстæ
та Дегендорфмæ (Бавари). 1934-1936 азты гуырдзиаг католикты
(эмигрантты хсæн) духовон сауджын у Белгийы, Германы æмæ Францы.
1936-1942 азты уыдис бенедиктаг моладзантимæ Байерны (нырма
Дегендорфы, стæй та Метены). 1943 азæй Риммæ ацыдис æмæ æппæтæй дæр
йæхи сбаста зонадон куыстимæ. Йæ зонадон иртасæнты сæйраг æрдæмад
уыдис – картвелологи, чырыстон Скæсæн æмæ византиологи.
Тархнишвили Михеил стыр куыст бакодта Грацийы университеты (Австри)
æмæ Ватиканы библиотекæты хъахъхъæдгонд гуырдзиаг къухфыстты
рапарахат кæныныл. Европæйæгтæн æнцонвадат цæмæй скодтаид гуырдзиаг
фыссынад, гермайнаг æвзагыл мыхуыры рауагъта «Гуырдзиаг
литературæйы истори» (Юлиус Асфалгы хайадистæй), фыст Корнелли
Кекелидзейы «Рагон гуырдзиаг фыссынады историйы» I томы
бындурыл.
Куыддæр Палестинæйы Саир-Ел-Ганимы алфæмблайыл италиаг археолог
Варджилио Корбо раргом кодта рагон гуырдзиаг фыстытæй фыст
моладзандоны комплексы пырхæнтæ, фыстыты сбæрæг кæнынмæ растдæр
Тархнишвили Михеилы æрбахуыдта. Уый фыццаг уыд кæцы рабæрæг кодта
æмæ зонадонæй санализ кодта цыппар гуырдзиаг фысты, кæцытæ фыст
уыдысты мозайкæгонд астæрдыл асомтаврулийæ (рагон гурдзиаг
дамгъæтæй). Сбæрæг ис, цæмæй фыстытæй дыууæ фысты тынг рагон сты
абоны онг зынгæ гуырдзиаг фыстыты хсæн – хауы V æнусы 30-æм азтæм
æмæ æмбис æнусæй раздæр у уæдмæ рагондæрæй зындгонд Болнисы Сионы
фыстытæй.
Тархнишвили Михеил 1958 азы 15-æм октябры, Римы йæ цардæй ахицæн.
Ныгæд æрцыд Ватиканы зондон архайæг фæсарæйнаг фыдты иумæйаг
зæппадзы.