Ног хабæрттæ
Лигъдæттæн фатертæ бæрæгбонон уавæры лæвæрд æрцыд
Гуры, 8 ногарæзт корпусы 445 лигъдон бинонтæн цæрæн фæзуат лæвæрд æрцыд. Куырдиæтты нымæц та, 1000-æй фылдæр уыд. Лигъдæтты фарстæты æвзарæг къамисы скъуыддзагмæ гæсгæ, Шида Картлийы регионы уыцы 5 кæлæтдзаг бæстыхай æхгæд æрцыд.

Гуры, министрады рдыгæй арæзт корпусты мидæг æдæппæт 480 фатер ис, ацы этапыл, цæрæн фæзуат 445 лигъдон бинонтæн лæвæрд æрцыд, иннæ 35 æртæуатон фатеры тыххæй та куырдиæтты райсын дыккаг этапыл расиддзысты .

Фыццаг этапыл, куырдиаты ныффыссын æрмæстдæр Шида Картлийы регионы регистрацигонд лигъдонæн у йæ бон æмæ æртæуатон фатермæ бæллæг алы бинонтæн дæр, кæцытæн, критеритæм гæсгæ, минимум 1 кула лæвæрд æрцыд.

«Ногарæзт корпусты лигъдон бинонтæн фатерты раттыны фæстæ, Шида Картлийы регионы лигъдæтты министрады ацы карз проблемæ лыггонд æрцыд», - хъусын кæны лигъдæтты министр Созар Субари. Фатерты раттыны мадзалыл Гуырдзыстоны премьер-министр Квирикашвили Георги, лигъдæтты министр Созар Субари æмæ Шида Картлийы губернатор Самхарадзе Къаха уыдысты.

Print