Гуры мэр Тавзарашвили Къотъе Хурвалеты хъæуы ацæргæты цæрæндоны
бабæрæг кодта. Визиты тыххæй бынæттон цæрджытæ дæр фехъуыстой.
Муниципалитеты къухдариуæгæн Шида Картлийы информацион центры фæрцы
фехъусын кодтой, цæмæй æрвыл райсом, дон змæстæй кæй цæуы. Нуазыны
доны æрбæстон кæнын ма домы, ацæргæты цæрæндоны къухдариуæгад
дæр.
Визит изæры сахатты рæстæджы плангонд æрцыд. Куыддæр æризæр вæййы
афтæ хъæуы алыварс Уæрæсейы æфсæддон тыхты минæвæрттæ патрулир
кæнынц. Судзгæ фарæтимæ, цъæх банеры цур арæнгæсты машинæ дæр
лæууыд. Æрвыл изæр дæр хурвалеттæгтæ ацы уавæры сты.
«Афтæ æввахс сты, æмæ сæ ныхас махмæ дæр хъуысы. Уыдонмæ та мах
ныхас», - зæгъы Пицхелаури Спартак, кæцы иу къуырийы размæ æрцæугæ
хабарыл, Хачирашвили Лалийы æрцахсты фактыл ныхас кæны.
«10 метры дæр нæ уыдис дæрддзæф йæ хæдзары цурæй, афтæмæй йæ
æрцахстой æмæ йæ акодтой. Уæхи цæстæй йæ уынут, цы уавæры мидæг
стæм. Тынг æввахс сты махмæ», - зæгъы Пицхелаури Спартак.
Хурвалеты хъæумæ ввахс Цинагар-Орчосанырдæм (дэ-факто республикæйы
дæлбариуæг хъæутæ) фæндаг цæуы. Ацы фæндагыл пост æвæрд ис, цыран
уыцырдæм цæуæг машинæты сгарынц. Ацы алцыппæтдæр хорз зыны дихгæнæг
хаххмæ ввахс уæллаг Хурвалеты хъæуæй.
«Раст, махæн нæ раттой хæххон статусы. 800 метры уæлдæр у ацы
цæрæнуат. Омæ кæд, дæллаг Хурвалетмæ не мбæлы, мах цы аххосджын
стæм?» - зæгъы Пицхелаури Спартак. Уый ныр 62-аздзыд у æмæ пенси
дæр исы. Хæххон статусы райсыны цауы фылдæр пенси райстаид.
Дихгæнæг хахмæ ввахс, уыцы периоды, Уæрæсейы æфсæддон тыхтæ
патрулиркæнынад сказдæр кодтой.
Уæллаг Хурвалеты ис ацæргæты хæдзар. Фæстаг иу мæйы дæргъы ацæргæты
хæдзарырдæм сарæх ис машинæты змæлд. Салиа Людмилайы арæзт
организацимæ æнæхъæн бæстæйы масштабæй уазæгуаты цæуынц.
«Ардæм цæуынц Тбилисæй, Гурæй, Гурийæ, Ачъарайæ, æгас
Гуырдзыстонæй», - загъта Салиа Людмила Гуры мэрæн. Уый рагæй
хъавыдис мэримæ фембæлын. Тавзарашвили Къотъе афтæ балæууыд
аццæргæты хæдзары, æмæ йæ зонгæ дæр ничи кодта развæлгъау:
«Хорз загъд у, кæд дам Мухамед хохмæ нæ цæуы, уæд дам хох йæхæдæг
Мухамедмæ цæуы. Афтæ æрцыд мæныл дæр», - загъта хъазгæйæ Салиа
Людмила Тавзарашвили Къотъейæн фембæлды рæстæджы. Уый ныхасмæ
гæсгæ, бынæттон муниципалитетимæ иумæйаг проектты æххæст кæнынæн,
фембæлд æцæгæйдæр æнæмæнгхъæугæ уыд.
Хурвалеты ма уыдис ноджы Гуры мэрийы хæдивæг Сухишвили Экатерине.
Уый растдæр ахуырады æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны сферæйы курир
кæны. Мэр æмæ йæ хæдивæг ацæргæты хæдзары бенефициартæн ног азмæ
лæвæрттæ бахастой.
«Мæ хæринаггæнæг уыдис, кæцыйы иу къуырийы размæ, уырыссæгтæ
æрцахстой», - зæгъы Салиа Людмила. «Ахъуыды ма кæнут, цы уавæры
уыдаид. Ацыдтæн, æмæ уырыссæгтæм æввахс бацыдтæн æмæ сæм фæхъæр
кодтон уырыссагау, «Ребята, ребята». Æнæуи мын дзуапп раттой.
Загътон сын кæй уыдтæн ацæргæты хæдзары хицау æмæ хæринаггæнæг кæй
уыдис, кæй æрцахстой уый. Бафарстон сæ, зæгъын, сымах æй акодтат,
зæгъгæ. Нырма мын нæ загътой, стæй уый фæстæ сбæлвылд æрцахсты
факт», - загъта Салиа Людмила.
Уый куырдиатмæ гæсгæ, хъæу тын тыхст у. цæрджытæн нæй куыст. Сæрды,
донхорыг дон кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ, цæхæрæдæтты не сдонхорыг
кодтой. Нуазыны дон та, змæстæй цæуы.
Хурвалеты хъæуы цъай скъахтой. Дæллаг Хурвалеты кранты зæгъæн ис
æмæ алкæцы хæдзармæ дæр бауагътой дон хынцæгтимæ, уæллаг Хурвалеты
та, нырма дæр крантæ уынгты сты.