Ног хабæрттæ
Зерты хъæуы цур Евроцæдисы Мисси цæстдарæгон куыстыты ног метод фидар кæны
Гуры муниципалитеты Зерты хъæуы цур, дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты: Кирбалы æмæ Меджврисхеуы, Евроцæдисы Мисси цæстдарæгон куыстыты ног метод фидар кæны.
Ай фæдыл, Шида Картлийы информацион центрæн бынæттон цæрджытæ фехъусын кодтой. Иу æмбæстаг центрмæ æрбалæвæрдта фото æмæ видео, цыран, раст, ацы ног методæй пайда кæныны фæлварæн ис æвдыст.

Зерты хъæумæ ‘ввахс, Миссийы минæвæрттæ уæлдæфы пурти суагътой, цыран видео монитортæ ис монтажгонд.

«Зерты ареалы цæуы куыстытæ цæстдарæгон барæнты/куыстыты имплементир кæныны фæдыл», - загътой Миссийы, кæцы хъæуы минæвæрттæн дæр фехъусын кодтой.



Print