Бершуеты Ходели Амиран паддзахадон финансгондæй фæткъуыйы дыргъдон сарæзта
«Иууон агропроекты» фæлгæтты, проекты «Скæн фидæн» бенефициар,
Ходели Амиран 12 (га) гектарыл фæткъуыйы дыргъдон сарæзта.
Дыргъбæлæсты дыргъдон Гуры районы Бершуеты хъæуы, дихгæнæг хаххы
цур, ис.
Ходели Амиран программæйы хайад исы 2016 азæй. Дыргъдон аразыны æмæ
донхорыг системæты аразынæн 94 650 ларийы бæрц паддзахадæй
финансгонд æрцыд, ардыгæй, 67 550 лари бахардз ис талатæн, фæлæ 27
000 лари та, тæдзæн системæтæн.
Хъæууон хæдзарады проектты хицауиуæг агентад «Бакус Гуырдзыстоны -
бизнесы» фæлгæтты, æххæст кæны «Иууон агропроекты», кæцы нымад у
дæргъвæтин æмгъуыдон рæзтыл æмæ йæ нысан у ахæм алфæмблайы скæнын,
кæцы къух ратдзæнис хъæууон хæдзарады конкурент хъæппæрисдзинады
сбæрзонд кæнынæн, бæрзондгъæдджын продукцийы уадзыны стабилон
рæзтæн, хæлцады продуктты æнæхъыгдарды æхсæнадæмон стандартты
ныффидар кæнынæн.
Проекты «Скæн фидæн» фæлгæтты, Гуырдзыстоны масштабæй, дыгъбæлæсты
ног дыргъдæттæ 4 289 га-йыл арæзт сты æмæ паддзахадæй финансгонды
гуырахст 22 186 339 милуан ларийы у. Ардыгæй, Шида Картлийы регионы
дыгъбæлæсты дыргъдæттæ 1 349 га зæххы фæзуатыл арæзт æрцыд.