Ног хабæрттæ
Ванишвили Датайы бинойнагæн медицинон æххуыс хъæуы
Дихгæнæг хаххы иннæ фарс баззайæг Ванишвили Дата йæ бинойнагæн медицинон æххуыс куры. Уый ныхасмæ гæсгæ, йæ бинойнагæн бæрзонд артериалон давлении с æмæ йæхи æвзæр хаты.

Ахалгоры æмæ Цхинвалы рынчындонмæ йæ акæнын йæ бон нæу: «Цхинвалмæ ацæуай æмæ стыр бæрзонд къулдымтыл хъуамæ ахизай. Ахалгомæ ацæуай æмæ ма акæсут, цахæм фæндаг у. Тынг æвзæр уавæры дæн», - зæгъы Ванишвили Дата.

20-æм январы райсомæй Ванишвили Датайы Тбилисæй æрцæугæ дохтыртæ бабæрæг кодтой. Медицинон персоналы æмæ Дата ныхас кодтой сындзтелгæрæны цур. Гуырдзиаг дохтыртæн пациенты æрмæстдæр сæ бон уыд визуалонæй æрбæрджытæ кæнын.

«Райсомæй дохтыртæ æрбацыдысты Тбилисæй. Загътой мын, ракæн дам дæ бинойнаджы æмæ дам æй фенæм. Иуыл ын давлени вæййы, цæуын йæ бон нæу. Мæ хъæбулы хъæбулмæ фæдзырдтон æмæ йын загътон, зæгъын, бацу æмæ нанайы дæ хъæбысы æддæмæ ракæн æмæ йæ дохтыртæн фенын кæнæм. Рынчындоны дам æй схуыссын кæнын хъæуы. Ахалгоры рынчындонмæ йæ куы акæнон, уым æй нæ ныууаддзынæн, уæд мæхæдæг дæр хъуамæ уым баззайон. Цы бакæнон нæ зонын, мæ сæр уынгæджы у», - зæгъы Ванишвили Дата.

Дохтыртæ мын ныфс бавæрдтой, цæмæй ацы проблемæйы тыххæй, æмбæлон уагдонæн кæй фехъусын кæндзысты. Ванишвили Дата 20-æм январы Кавказы университеты студенттыл фембæлд æмæ йæ бинойнаджы уавæры тыххæй уыдонæн радзырдта.

Ванишвили Дата Хурвалеты хъæуы цæры. Сындзтелгæрæны сарæзты (2008 азы августы хæсты рæстæджы) фæстæ, йæ цæрæн хæдзар дэ-факто Хуссар Ирыстоны дæлбар территорийыл баззад. Цæры йе мкъаимæ иумæ. Ныртæккæ йæм, йæ хъæбулы хъæбул Владикавказæй æрцыдис.

Print