Ног хабæрттæ
Хъæрмуаты хæдзарад Чъехæй лигъдон æхсæнадæмон программæйы фæлгæтты сарæзта
Лигъдæтты министр Субари Созар Варианы хъæуы Евроцæдисы программæйы фæлгæтты финансгонд хъæрмуаты хæдзарад бабæрæг кодта. Цхинвалæй лигъдон Къахниашвили Элгуджа, гранты æххуысæй, хъæрмуаты конструкци æмæ донхорыг системæ балхæдта.

Гарнтон программæ – «Экономикон гæнæндзинæдты æмхуызон æнцонвадатдзинад лигъдæттæн», - Евроцæдисы финансгондæй, лигъдæтты цæрæн уавæртæй ифтонг кæныны агентад æмæ ИНО-йы хæлцадон æмæ хъæууон хæдзарады организаци (FAO) сарæзтой.

Программæйы нысанон категорийы сконды уыдысты: иунæг ныййарджытæ æнахъом хъæбултимæ, бинонтæ цыбыр фадæтты уæвæг уæнгимæ, 25 азы онг æвзонг кæнæ ацæргæ адæймæгты къухдариуæджы бын бинонтæ.

Программæ йæ разы нысан æвæры æппæты уæззаудæр уавæрты уæвæг лигъдæттæн социалон-экономикон æххуыс бакæнын. Чысыл бизнесы райдайын кæнæ райрæзын кæнын, Гуырдзыстоны масштабæй, грант 1000-мæ ввахс лигъдон бинонтæн лæвæрд æрцыд, уыдон æхсæн 227 проекты Шида Картлийы регионы финасгонд æрцыд.


Print