Ног хабæрттæ
Фатерты раттыны бæсты дыууæ лигъдонæй 3500 доллары райстой
Æмбæстонты æхцаты фæлывдæй хи бакæныны фактыл иу адæймаг æрцахстой.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион цæнтрæн Гуырдзыстоны финансты министрады фæдагурæн куыстуатæй фехъусын кодтой. Пресс-куыстуаты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, аххосджын дыууæ лигъдон гоймагмæ фæдзырдта, йæхиуыл сæ баууæндын кодта æмæ сæ сайдæй æхцайы суммæ райста:

«Бауырнын сын кодта, цæмæй æмбæлон суммæйы бафидыны цауы, Гуырдзыстоны оккупиронгонд территоритæй рацæугæ гоймæгтæн, лигъдæтты министрады уæлдæр бынæтты кусæг адæймæгты æххуысæй, лигъдæттæн æмбæлгæ цæрæн фæзуаты сæмагонд исадмæ кæй радтаид. Ацы мæнгард мийæ, аххосджын фæлывдæй йæхи бакодта æдæппæт 3 500 АИШ доллары», - нысан кæнынц Пресс-куыстуаты.

Фæдагуырд дарддæр цæуы Гуырдзыстоны уголовон кодексы 180-æм пункты 2-аг хайæ, кæцы æфхæрды хуызы нысан кæны 4-азæй 7-азы онг ахæстоны бадын.

Print