Хурвалеты лигъдæтты цæрæнуатмæ хицауады минæвæртты æрцæуын домынц.
Ам цæрæг гоймæгтæ дзурынц, цæмæй, ацы рæстæгмæ темæн,
муниципалитетæй нырма минæвар дæр нæй, зæгъгæ.
Уыдон темон центры æрæмбырд сты æмæ уыцы хъæугæдзинæдты номхыгъд
ныффыстой, кæцыты æрбæстон кæнын домынц. Фембæлд æмбæстагон
æхсæнады институты организацигондæй арæзт æрцыд.
Лигъдæтты нуазыны доны, транспорты æмæ канализацийы проблемæ тыхсын
кæны.
Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, цæрæнуаты цы нуазыны дон ис уый сыгъдæгæй нæ
цæуы æмæ йæ рæстæгæй рæстæгмæ санитарон басгæрст æнæмæнг кæй хъæуы.
Афтæ ма, цæрæнуаты нæй абанæ дæр. Æхсæнадон транспорт та, уыдонæн
æнæрайсгæ графикæй кусы.
Лигъдæттæ муниципалитеты меримæ фембæлын растдæр цæрæнуаты домынц.
Ацы фембæлды сорганизаци кæнын, раст, темон центры гæнæн ис.