Гуры муниципалитеты 40 хъæуы нуазыны доны системæ ифтонг кæнинаг у.
Ай фæдыл Гуры мерийы нуазыны доны системæты куыстуаты хистæр
Маруашвили Бондо хъусын кæны. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, ацы хъæуты, 2018
азы дæргъы, хъæугæ куыстытæ ис кæнинаг.
Сæрмагондæй, Бнависы хъæуы донвæрæн системæ ногæй аразинаг у. Ахæм
уавæры ма сты Мараны, Хъелкцеулы æмæ Сакашеты хъæутæ дæр.
Атены, Хидистауы, Куахврелы, Бербукы, Ахалхизы, Броцлеты æмæ Квемо
Арцеуы хъæуты райдайгæ куыстытæ кæронмæ сæххæст кæнинаг сты.
Советойнаг уагъд системæтæ сты нырма дæр Тирдзнисы, Мегъврекисы,
Цъерейы, Гугутианткъары, Шиндисы, Пхвенисы, Зерты, Тхъвиауы,
Кицънисы хæдзарады, Сатемы æмæ Цицагианткъары хъæуты.
«Амортизацигонд резервуартæ хъуамæ ивд æрцæуой нырыккон типы
резервуартæй æмæ згъæрæй конд басейнтæй», - зæгъы Маруашвили
Бондо.
Мидæгон хызы проблемæтæ ис Мегъврекисы, Броцлеты, Шиндисы,
Тирдзнисы, Тедоцъминдайы, дæлбыл Ахалдабайы, Дзеверайы æмæ Ахрисы
хъæуты.
Нуазыны доны системæ æппындæр нæй Надарбазевы æмæ Арашендайы
хъæуты.
Маруашвили Бондойы ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ, 10 хъæуы ног цъайы
реабилитаци æххæстгонд цæуы. Ацы хъæутæ сты: Бершует, чысыл
Меджрисхеу, стыр Меджрисхеу, Плау, Плауисман, Карб, Кере, Эргнет,
Ахалубани æмæ Арбо. Адонæй алчидæр дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæутæ
сты.