Ног хабæрттæ
Эргнеты хъæуы Бестауты Лили Турашвили Датойæн иронау тæлмац «Стайы цармдарæг» балæвар кодта
Бестауты-Касрадзе Лилийы хæсты рæстæджы райсгæ травмæ абон дæр хъыг дары. Уый дэ-факто Хуссар Ирыстоны гæрзифтонг тохгæнджытæ 10 азы размæ фæнадтой, æрмæстдæр, уый тыххæй æмæ, этникон гуырдзиаг бинонты уæнг кæй уыдис. Йæ фыды ‘фсымæр, поэт, фыссæг æмæ тæлмацгæнæг Бестауты Гиуæрги «Стайы цармдарæджы» иронау тæлмацы автор у. Бестауты Лили чиныг гуырдзиаг фысджытæн, Турашвили Датойæн, Бугъадзе Лашайæн æмæ Амагълобели Ратъийæн Эргнеты балæвар кодта.

Фембæлд «Хæсты музейы» уагъд æрцыд, кæцыйы бындурæвæрæг дæр у бынæттон цæрæг Члачидзе Лиа. Бестауты Лили ацы музейы цытджын уазæг у. Члачидзе Лиа зæгъы, цæмæй музейы саразыны идейæ дæр, раст, хæстæй райсгæ фæстиуæгты санализ кæнынæн у. «Ацы хæст дыууæ фарсæн дæр стыр рыстдзинад æрхаста. Уый алыхат дæр хъуамæ нæ зæрдыл лæууа æмæ нæ ма хъуамæ ферох уа, цахæм фæстиуæг ис хæстæн», - зæгъы Члачидзе Лиа.


Уазджытæ регионты специалон миссийæ бæлцуаты сты. «Фысджытæ европæйаг æргъдзинæдтæн», - ахæм у нырыккон гуырдзиаг литературæйы минæвæртты фембæлдтыты идейæ. Эргнеты нæ ферох кодтой хæсты сæйраг хайадисæг паддзахады, Уæрæсейы ролы ской кæнынæй дæр, кæцыйы ахадындзинад, менталон цæстæнгасæй, ныртæккæ дæр тыхджын у гуырдзиаг æхсæнады мидæг.

«Кæд æмæ мах нæ райтынг уæм, нæ паддзахад нæ уыдзæнис фидар æмæ тыхджын, æмæ нæ уæртæ дыууæ къахдзæфмæ уæвæг бæстæ аныхъхъуырдзæнис æмæ нæ удварнæй дæр скуынæг кæндзæн», - зæгъы Бугъадзе Лаша.

Хæсты музейы дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæутæй скъолæйы ахуырдзаутæ, педагогтæ æмæ æндæр æмæ æндæр профессийы адæймæгтæ дæр уыдысты. Уыдон байхъуыстой лекцимæ уый фæдыл, цы æвдисы реалонæй европæйаг æргъдзинæдтæ æмæ куыд хъуамæ бахъахъхъæной сæхи пропогандистон, профессионалон политикæйæ.


Print