Ног хабæрттæ
Бестауты Генадийы, кæцы Цхинвалмæ йæ бинонты уынынмæ ацыдис, цыппæрæм хатт æрцахстой
Гуры муниципалитеты Зардианткъары хъæуы цæрæг, Бестауты Генадийы 9-æм февралы цыппæрæм хатт æрцахстой Цхинвалы. Ай фæдыл, уымæн, дэ-факто Хуссар Ирыстоны республикæйы тæрхондон дыууæ мæйы ахæстоны бадыны тæрхон рахаста.

Уæдмæ та йæ, нырма фыццаг хатт 2017 азы майы, стæй сæрды, æртыккаг хатт та, - 31-æм октябры æрцахстой.

Бестауты Генадийы ус æмæ сывæллæттæ цæрынц Цхинвалы, æмæ сæ уынынмæ куы цыдис, раст æй уыцы рæстæджы æрцахстой. Бестауты лæппуйы тыххæй Шида Картлийы информацион центр репортаж 2017 азы ноябры мæйы æрцæттæ кодта.

Уый 2003-2017 азты, лæгмарды аххосагæй, Тбилисы ахæстоны фæбадтис. Ахæстонæй ссæрибары фæстæ, Зардианткъары хъæумæ йæ цæрæн хæдзармæ æрбаздæхтис. Йæ хæдзар, ирон хъæу Хелчуайы арæныл, гуырдзиаг æмæ уырыссаг постыты ‘хсæн ис. Цæхæрадоныл æмæ хæдзары бынатыл цæуы дихгæнæг хахх.

Куыд ахаудтой йæ тхъвиауаг бинойнаг æмæ хъæбултæ Цхинвалмæ, кæсут 2017 азы ноябры мæйы æрцæттæгонд сюжеты.

Print