Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæу Зардианткъары дзурынц, цæмæй се
‘мхъæуккаг Бестауты Генадимæ Цхинвалы йæ бинонты уæнгтæй хорз
хъусдард ис. Ай фæдыл уыдон Шида Картлийы информацион центримæ
ныхасгæнгæйæ загътой.
Габлишвили Этеры ныхасмæ гæсгæ, Бестауты Генадийæн йæ бинойнаг æмæ
хъæбултæ Цхинвалы куыст дæр ссардтой, фæлæ, проблемæ дихгæнæг хаххы
иннæ фарс уæвæг цæрæн хæдзар у. Ацы хæдзары Бестауты Генади нæ
уадзы æмæ рахизы дихгæнæг хаххыл.
Ракой уын кæндзыстæм, æмæ, Бестауты Генадийы фæстаг æртæ азы дæргъы
цыппæрæм хатт æрцахстой æмæ йын 9-æм февралы уымæн дыууæмæйон
ахæсты тæрхон рахастой.
Уый, нырма фыццаг æрцахстой 2017 азы майы, уый фæстæ та – сæрды,
æртыккаг хатт та йæ 31-æм октябры æрцахстой.
Бестауты Генадийы ус æмæ сывæллæттæ цæрынц Цхинвалы, æмæ æрцахстыты
рæстæджы, уый растдæр сæ уынынмæ фæцæйцыди. Бестауты Генадийы
тыххæй Шида Картлийы информацион центр репортаж 2017 азы ноябры
мæйы æрцæттæ кодта.
Уый 2003-2017 азты, лæгмарды аххосагæй, Тбилисы ахæстоны фæбадтис.
Ахæстонæй ссæрибары фæстæ, Зардианткъары хъæумæ йæ цæрæн хæдзармæ
æрбаздæхтис. Йæ хæдзар, ирон хъæу Хелчуайы арæныл, гуырдзиаг æмæ
уырыссаг постыты ‘хсæн ис. Цæхæрадоныл æмæ хæдзары бынатыл цæуы
дихгæнæг хахх.