Ног хабæрттæ
Перформанс – «Ацы тырыса фарнæн» (Татунашвили Арчилы номарынæн)
«Нырыккон дунейы мидæг рыстдзинад æнæбафиппайгæ сси, эмоцитæ – æнæзæгъгæ. Фæивтой хотыхтæ æмæ абон актуалон игнор æмæ цинизм у... Æбæрæг сæфт кæнынц нæ бæллицтæ æмæ дымгæйы фæйнæрдæм згъæлынц нæ хъуыдытæ ивгъуыдыл æмæ нæ фидæн тæрсын кæны».

Тыхсын нæ кæнынц не ‘нæзагъд сагъæстæ æмæ йæ зонæм, кæй нæ фехъусын кæндзыстæм нæ хъæлæс нæ рысты адресатмæ. Хæрзæввахс нæм у сырх арæн, кæцы нын æрæвæрдтой мæнгномхæсджытæ æмæ йæ уæддæр, мах нæ халæм. Хæст нæ тыхджындæр кæны, хæст нын фæрæздзинад амоны, цæмæй дарддæр кæнæм нæ цард удхаргæнджытæ. Æмæ мах дæр бандзыг стæм æнæхъахъхъæд нырыккон дунейы раз, цыран нæ дзырдæн аргъ нæй, цыран нæм нæ хъусынц.

(Урс хуыз антикон эпохæйæ райдайгæйæ нымад цыд сыгъдæгдзинад æмæ уаздзинады символ-хипостазыл. Моралон принциптæм гæсгæ, раджы заманы хæсты рæстæджы дæр ма кæрæдзийæн здæхтой сæ мæрдты. Урс хуыз – куыд моралмæ сидт).

Æмæ нæ уæгъд нæ уадзынц тугамæст мысинæгтæ сымахыл, уыдоныл, махыл».

Шакарашвили Мариам, нывгæнæг
Фотограф – Шошиташвили Тамара
18. 03. 2018


Print