«Чъехы скъоламæ бацыдтæн 2006 азы. Тынг бирæ уарзтон ме скъола, мæ
фыццаг ахуыргæнæг – Мзиа. Нæ къласæгтæ кæрæдзийы тынг бирæ уарзтам.
Не ‘ппæт дæр тынг хорз ахуыр кодтам. Фыццаг къласмæ куы бацыдыстæм
æмæ партæтыл куы æрбадтыстæм, æрбацыд нæм скъолæйы директор, куы
нæм æрбакастис къласы бадджытæм, фыццаг къласы æрмæст æртæ чызгæй
уыдыстæм. Уæд бахудт йæ мидбылты æмæ лæппутæй сæ иуы сæрыл йæ къух
æруагъта æмæ йын афтæ зæгъы: мæ уарзон чысыл лæппутæ, къласы уæм ис
æдæппæтæй æртæ чызг æмæ сæ хъуамæ буц дарат, макæмæн сæ бауадзат
бафхæрын. Неппæтæн дæр кæрæдзимæ хорз ахаст уыди».
Ацы ныхæстæ Меланашвили Ликъайæн уыцы альбоммæ хаст сты, кæцыйы
æрвыл бон ногæй-ногмæ нывтæй æмæ æмдзæвгæтæй азты дæргъы йедзаг
кæны. Леуахигомы нывтæ зæронд æви ног, альбомы сыфтыл сты
фидаргонд.
Фыццаг къласы лæвæрд ныхасы æмкъласаг лæппутæ 11-æм къласы онг не
сæххæст кодтой. 2008 азы августы мæйы хæст райдыдта æмæ Стыр
Луахигомы уыцы хъæутæ, цыран этникон гуырдзиæгтæ цардысты, сафтид
сты. Басыгъдысты хæдзæрттæ.
Меланашвили Ликъа Чъехы хъæуæй у. 7 азы йыл æххæст кодта, хъæу йæ
бинонтимæ иумæ куы ныууагъта. Ныртæккæ, Гуры муниципалитеты
Сакашеты хъæумæ ‘ввахс, лигъдæтты цæрæнуаты цæры.
«Æмдзæвгæтæ фыссын, фактивонæй, 2015 азæй райдыдтон. Уæдмæ дæр
фыстон, фæлæ стæм хатт. Фыссын алцы темæйыл дæр, уæлдайдæр та, мæ
райгуырæн хъæуыл. Мæ хъæуы куы æрымысын, ныхæстæ уæд рифмæгонд
цæуынц», - зæгъы Ликъа.
Йæ альбомы йын фендзыстут Чъехы скъолæйы, сабиты рæвдауæндоны
бæстыхайы нывтæ. Скъолæйы бæстыхай ныртæккæ сыгъд у. Уым æввахс сты
Стыр æмæ Чысыл Леуахигомы уæвæг аргъуанты нывтæ дæр. Алы нывæн йемæ
ис æмдзæвгæ фыст.
«Зын мын у, куы нæ уынын уыцы пейзажы, кæцы мын æнцойад лæвæрдта.
Мæ бон нæу улæфын уæлдæф, кæцы мæ хъæлдзæгдзинадæй йедзаг кодта, мæ
бон нæу нуазын уыцы доны, кæцыйы афтæ хæрзадæн никуы баназдзынæн,
куыд уым…», - фыссы Ликъа.