Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæу Хвиты цур 1 км-ы дæргъмæ ‘ввахс фæндаг
ног асфалтбетонæй æмбæрзт æрцæудзæн. Ай фæдыл Шида Картлийы
информацион центрæн мерийæ фехъусын кодтой.
Администрацийы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, куыстытæ сæрды уагъд
æрцæудзысты, райдайдзысты æфсæнвæндаджы бахизæнæй æмæ йæ бахæццæ
кæндзысты хъæуы центры онг.
Ацы куыстытæн рахицæн кодтой 682 500 ларийы. Проектон организацийы
курдиатмæ гæсгæ, нысангонд фæндагæн реабилитацион куыстытæ 20 азæй
фылдæр уагъд нæ уыди æмæ афтæмæй уый у бынæттон нысаниуæгджын
фæндаг.
«Асфальтæй æппындæр ницыуал баззади æмæ фæндагыл фæзынгæ дзыхъхъытæ
дæр не сты арæзт дæргъмæ гæсгæ, афтæ мæ цæхгæрмæ доныуадзæн дæр,
къададæтты системæ бынтон æнæарæзт у, къæвда бонты донæй байдзаг
вæййынц дзыхъхъытæ æмæ тæссаг вæййы уым ахизынæн», - нысангонд цæуы
проектон организацийы ‘рдыгæй арæзт хатдзæджы.