Касрадзе Гванца лигъдæтты цæрæнуаты цæры, йæхæдæг куыд зæгъы
афтæмæй, уымæн бонтæ кæрæдзийæ ницæмæй хицæн кæнынц. Иу бонæй
дарддæр, кæцы алцæмæйдæр хицæн кодта, уый уыд Рапунцеллæйы аргъауы
æвзæрсты бон, цыран принцессæйы роль æххæст кодта.
Специалисттæ сабитæн бахæс кодтой, цæмæй уыдон аргъауы сæхи
цæстæнгасмæ гæсгæ сæххæст кодтаиккой.
Гуры 3-аг сабиты рæвдауæндоны минæвæрттæ лигъдон сабитимæ ацы
фембæлды организаци «Картлосы» проекты «Трамплинайы» фæлгæтты
сарæзтой. Проекты æххæст кæнын Шида Картлийы регионы иу мæйы размæ
польшæйаг организацийы «Ритас»-ы æххуысæй райдыдта.
Ахуыргæнджыты аргъгондæй, хæстон архæдтытæй райсгæ стресс абоны онг
дæр зыны лигъдон сабитыл, кæцы æндæр æмæ æндæр формæтæй у
æвдыстгонд, æнгæс хуызы терапион активтæ та, уыдоны ныхасмæ гæсгæ,
ацы стрессы аиуварс кæнынæн баххуыс кæндзæнис.
Скърайæ дарддæр ма ахæм хуыз центыртæ æндæр цæрæнуæтты дæр байгом
уыдзæн. Проекты фæлгæтты арттерапийы курсытæ каст фæуыдзысты æндæр
хъæуы хъомылгæнинæгтæ дæр.