2018 азы 7-æм июны Эргнеты инцидентты æмæ уыдоныл реагир кæныны
механизмы фæлгæтты ауагъд фембæлды фæдыл курдиат Евроцæдисы
Цæстдарæгон Миссийы офис парахат кæны.
Прессæимæ æмæ æхсæнадимæ æмахастыты куыстуаты минæвары курдиатмæ
гæсгæ, радон 87-æм фембæлд конструкцион атмосферæйы уагъд
æрцыд.
Фембæлд Евроцæдисы Цæстдарæгон Миссийы сæргълæууæг Эрик Хогы æмæ
Хуссар Кавказы ОБСЕ-йы архайæг сæрдар бæстæйы специалон минæвары
посол Гюнтер Бехлеры иумæйагон æххуысæй уагъд æрцыд.
Фембæлды посол-Бехлер байгом кодта, уый ног хайадисджытæн раарфæ
кодта æмæ фембæлды алы хайадисæгæн бузныг загъта инцидентты
превенцийы æмæ сыл реагир кæныны механизмы фæлгæтты фембæлды
прфессионалон уавæры тыххæй. Уый загъта, цæмæй инцидентты
превенцийы æмæ сыл реагир кæныны механизмы фæлгæтты ауагъд 26-æм
фембæлды фæстæ, уый уыдзæнис йæ фæстаг фембæлд.
Хог цыбырæй радзырдта 2018 азы 15-æм майы ауагъд инцидентты
превенцийы æмæ сыл реагир кæныны механизмы фæлгæтты фембæлды фæстæ
райрæзт фæзындтыл. Æндæр позитивон фæстиуæгтимæ иумæ æмсæрдартæ
раарфæ кодтой цалдæр ахст гоймаджы тагъд ссæрибар кæныны тыххæй æмæ
ацы конкретон цауты равдыст гуманитарон уавæры тыххæй. Хог банысан
кодта, цæмæй бынативды сæрибардзинады арæнтæ, се ‘хсæны религион
нысанæй æрцахсыны факттæ, æппæрццагæй ахады административон арæны
акомкоммæ царды уавæрыл. Æдасдзинады уавæр бынатыл аргъгонд æрцыд,
куыд раздæры уавæрмæ абаргæ стабилон æмæ сабырæй. Æмсæрдартæ
бынатыл стабилондзинады сифтонг кæнынæн сæрмагондæй бахахх кодтой
æдасдзинады структурæты минæвæртты хъуыддагдзинады фæдыл раздæры
фæдзæхсты æмæ хъуыддаджы ирддзинады нысаниуæг.
Фембæлды рæстæджы та ногæй æркастысты Татунашвилийы мæлæты цаумæ.
Æмсæрдарадтæ бахах кодтой уый мæлæты уавæрты æххæстæй æмæ ирдæй
фæдугурæн куысты ауадзыны хъæугæдзинадыл æмæ ноджы иухатт сæ
цæттæдзинад равдыстой, цæмæй баххуыс кæной информацийы баивынæн.
Афтæ ма ноджы æрдомдтой уæлæмхас информаци Башарулийы хъуыддаджы
фæдыл.
Бордеризацийы процессы фæдыл мадзалты ауадзынимæ иумæ æркаст æрцыд
иумæйагон куыстытæ хъæууон-хæдзарады зæххы иумæйаг иригацион
куыстыты фарстытæ. Административон арæнты фарсмæ кæрдæг басудзыны
фæстиуæгæн фæзынгæ æртыты превенцийы нысанæй минæвар Бехлер
бавдыста æнæофициалон документы. Фæрстæ ацы фарстæйы фæдыл техникон
фембæлды ауадзыныл баныхас кодтой.
Фембæлды алы хайадисæг бахахх кодта инцидентты превенцийы æмæ
уыдоныл реагир кæныны механизмы фæлгæтты фембæлдтыты регулиргæнæны
нысаниуæг æмæ позитивонæй саргъкодта Евроцæдисы Цæстдарæгон Миссийы
тæвд хахх.
Инцидентты превенцийы æмæ уыдоныл реагир кæныны механизмы фæлгæтты
иннæ фембæлд уагъд æрцæудзæнис Эргнеты 2018 азы 10-æм июлы.