Лигъдоны рæстæджы æрыздæхгæ цæстырухс æмæ дидинджытæй фæивгæ ног алфæмблай
Беруашвили Гиули ныр 10 азы дæргъы Верхуыты цæрæнуаты цæры. Гиули
ередаг у, фæлæ уый йæ бинонтимæ иумæ хæсты агъоммæ цардис Ачабеты
хъæуы. Стыр Леуахигомы 2008 азы 8-æм августы ныууагъта æмæ уæдæй
фæстæмæ алы августы æрæввахс уымæн куыд йæхæдæг зæгъы, афтæ стыр
рыстдзинад æвзæрын кæны.
Æртæ хъæбулы мадæн лигъдоны периоды уæззау ныхмæдзинæдты æмæ стыр
зиндзинæдты бахъуыдис аиуварс кæнын. Йæ информацимæ гæсгæ, хæсты
архæйдтыты фæстиуæгæн райсгæ стрес ын йæ цæстырухс дæр бахъыгдардта
æмæ лигъдоны бæрæг периоды раст уый тыххæй бирæ рæстæджы хос кæнын
бахъуыд. Дыууæ цæстыл дæр ын арæзт æрцыд операци. Операцийы фæстæ
йæ цæстырухс 100%-æй сног ис æмæ æндæр реалондзинады æмæ алфæмблайы
адарддæр кодта йæ цард.
Æнæгæсгæ уыцы царды зындзинæдтæм, уый уæддæр цардмæ йæ зæрдæйы
ахаст нæ фæивта. Тырны алы боны цымыдисон æмæ рæсугъд сараза,
кæцыйæн ныр цалдæр азы котеджы ныссадзгæ хæдзарон дидинджытæ æххуыс
кæнынц. Æндæр æмæ æндæр хуыз зайæгойтæ зайы йæ цæрæнуаты алы хатæны
дæр. Маст кæны ууыл, цæмæй къуындæг бынатмæ гæсгæйæ фылдæр
дидинджытæ кæй нæу йæ бон схъомыл кæнын. Дидинджытыл цæмæй дон
ныккæна, уый тыххæй арæх æмбисæхсæв дæр райхъал вæййы. Райсомæй та
куыстмæ атагъд кæны, ныртæккæ Верхуыты сабиты рæвдауæндоны кусы.
Дидинджытимæ иумæ къуырийы мидæг фондз боны чысыл сабитæм дæр
хъуамæ базила. Зæгъы, цæмæй дæс азы размæйы тас æмæ эмоцитæ
æрвылбонон царды æмæ ног алфæмблайы сындæггай тары кæнынц, фæлæ йæ
райгуырæн къуыммæ æрбаздæхыны бæллицц æмæ æнхъæлмæгасты рæстæг æмæ
дæрддзæф нæ ахахх кæндзæн. Беруашвили Гиули хъуыды кæны, цæмæй йæ
хатæны дидинджытæ сæхи Комы уæлдæфмæ бирæ хъуыздæр рæздзысты æмæ йæ
ныфс ис, цæмæй царды алцæмæй сæйрагдæр бæллицц ын кæддæр æнæмæнгæй
кæй сæххæст уыдзæнис.