Ног хабæрттæ
Америкæйаг æфсæддон техникæ Гуры центры (PHOTO)

«Аккаг партнер 2018»-ы хайадисæг америкæйаг æфсæддон техникæ æмæ сæрмагонд сконд ис Гуырдзыстоны.

Абон америкæйаг æфсæддон техникæ Гуры уынгты рацыд æмæ горæты центры чысыл æрлæууыд. Августы хæстæй 10 азы рацыды фæстæ, рацыдæн символикон нысан уыд. Æдæппæт Гуры уынгты 13 згъæрмашинæ «Страйкер» рацыдис, æфсæддонтæ гуйраг цæрджытæн бар раттой згъæрмашинæты цур нывтæ сисын.

Гуйраг цæрджытæ позитивонæй сæмбæлдысты америкæйаг æфсæддон техникæйы разындыл.

«Мах æцæгдæр стæм аккаг партнертæ ныгуылæйнаг дунейæн. Символикон у, цæмæй 2008 азы августы фæстæ Гуырдзыстонмæ æрцыдис америкæйаг æфсæддон техникæ. Дæс азы размæ мæ мæрдты ‘хсæн мæ мад агуырдта, не ‘знаг паддзахад нын нæ хæдзарыл бомбæтæ куы æркалдта æмæ абон, мæ хъæбултæ куы райхъал сты, уæд сын æз загътон, абон мах хъуамæ фембæлæм хъайтартыл, кæцытæ хъуамæ бахъахъхъæной Гуырдзыстон, цæмæй Гуырдзыстоны акомдзаг кæнын афтæ æнцон макуыуал уа, куыд дæс азы размæ не ‘знаг æнхъæл уыд. Ай алцыппæт нысаниуæгджын у, уымæн æмæ, не ‘знаг демократийы ныхас мæнæ ахæм ставдкалиброн хæцæнгарзæй æмбары. Уымæ гæсгæйæ, райгонд стæм, æмæ уыдон абон ам сты, цæмæй æфсæддон ахуырты райсой хайад. Нысаниуæгджын у, уый дæр, æмæ абон мах бæлвырд кæнæм, цæмæй кæй стæм мах æцæг аккаг партнертæ ныгуылæйнаг дунейæн», - загъта Шида Картлийы информацион центрæн, Гуры бынæттон цæрæг Къопъадзе Иуане.

Гуырдзыстон бирæнацион æфсæддон ахуыртæн «Аккаг партнер 2018» 1-æм августæй 15-æм августмæ фысымиуæг кæндзæн. Æфсæддон ахуыртæ Вазианы æфсæддон аэродромы, Вазианы полигоны æмæ Нориойы ахуыргæнæн базæйы уагъд æрцæудзысты. Ахуырты Натойы уæнг æмæ партнер 13 бæстæйы 3000-æй фылдæр æфсæддон кусæг хайад райсдзæн.


Print