Ног хабæрттæ
Конфликты зонæйы æрыгон фæсивæд кæрæдзийæн августы хæсты историтæ радзырдтой
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты цæрджытæ оккупацийы музейы æрымбырд сты æмæ иумæ архайдтой сбæрæг кодтаиккой 10 азы размæ цы æрцыд, уый.

Туг, æхстытæ, зынг, мæрдтæ, хæдтæхджытæ, танктæ, хотыхджын гоймæгтæ æмæ а.д. уыцы рæстæг 5-6 азы кары сабитæн 10 азы рацыды фæстæ дæр хорз лæууы сæ зæрдыл.

Организаци «Картлосы» рдыгæй саразгæ фембæлды фæлгæтты хæсты рæстæджы бавзаргæ æнкъарæнты æмæ эмоциты тыххæй уыдон абон кæрæдзийæн радзырдтой.

Фембæлдыл уыдис Гуры муниципалитеты мэрийы æвзонгадон хъуыддæгты хайады минæвар Гогиашвили Димитри дæр, кæцы æрныхас кодта, конфликттæ куыд æмæ цавæр ахадындзинад æвзæрын кæнынц æнахъомтыл æмæ цас нысаниуæгджын у сабийы хъомыл кæнын æдас уавæры.

Сабырады æмæ æдасдзинады тыххæй конфликты зонæйы æвзонг фæсивæдæн семинар EVS -ы бархионтæ ауагътой. Оккупацийы музейы арæзт мадзал Гуры муниципалитеты мэрийы ‘рдыгæй финансгонд проекты «Æрыгæтты хайадисты сфидар кæнын Шида Картлийы регионы» фæлгæтты уагъд æрцыд æмæ уый августы хæстæй 10 азы рацыды къуырион байгомы номарæн у. Хæларады хид «Картлосы» информацимæ гæсгæ, абоны фембæлд хауд 12-æм августмæ дæр, дунеон æвзонг фæсивæды æхсæнадæмон боны куы нысан кæнынц.


Print