«Конфликты психологийы æмæ ивддзинæдты теори» - ацы темæйыл Гуры
демократийы скъолæйы уагъд æрцыд фембæлд. Августы хæстæй 10 азы
рацыды фæдыл, специалонæй æрхуынд польшæйаг æхсæнадæмон эксперт -
профессор Томаш Теодорчик.
Уый фембæлдыл уæвæг æхсæнадæн конфликты фæдыл йæхи сæрмагонд
фæлтæрддзинад раргом кодта.
Воркшопы демократийы скъолæйы курсфæуджытæ, æмбæстагон æхсæнады
минæвæрттæ, дзыллон информацийы æмæ æндæр бацымыдисгæнæг гоймæгтæ
уыдысты фембæлдыл. Фембæлд уагъд æрцыд «Картлосы»
организацигондæй.
Польшæйаг эксперт æндæр æмæ æндæр бæстæйы конфликттыл ныхас кодта
æмæ уыцы ахадындзинæдтыл æрныхас кодта, кæцыдæриддæр хæстон
архæйдтыты фæстиуæгæн адæймæгты æмæ æхсæнадыл фæзындзæн.
Профессор Томаш Теодорчикæн ис 20 азон фæлтæрддзинад æндæр æмæ
æндæр конфликтон регионты се ‘хсæн Экваторы, Африкæйы, Косовойы,
Украинæйы æмæ æнд. Уый у психолог, психотерапевт, æхсæнадон
фасилитатор, процессы психологийы академийы саразæг, фонд
«Контрастты форумы» бындурæвæрæг, «RS POP ZURICH» æмæ ма ноджы у
«IAPOP»-йы уæнг, социалон проектты, тренингты, мастер-къласты,
статьяты æмæ чиныджы автор.
Фембæлды хайадисджытæ кæрæдзийæн кæронбæттæн хайы хисæрмагонд
хъуыдыты раргом кодтой æмæ сыл æрныхас кодтой, куыд æмбарынц
конфликт æмæ цы къахдзæфтæ аразы уыдонæй алчидæр cæ ныхмæлæууæг
цæстæнгасы æмæ позицийы уæвæг адæймæгтимæ æмахастыты.