Ног хабæрттæ
Цихелашвили Кетеван дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс æртæ хъæуы цæрджытимæ фембæлд
Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты Гуырдзыстоны паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван, регионалон райрæзты æмæ инфраструктурæйы министры хæдивæгимæ Бегиашвили Ильяимæ, Гуырдзыстоны парламенты сæрдары хæдивæгимæ Вольски Георгиимæ æмæ æддагон æмахастыты къамитеты сæрдаримæ Кацарава Сопоимæ иумæ, дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Сакоринтелойы хъæуы, Квемо Чъалайы æмæ Ахалшены хъæуты цæрджытимæ фембæлдис.

Фембæлдыл, цыран бынæттон хицауады минæвæрттæ дæр уыдысты, æхсæнадæн дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты социалон-экономикон райрæзыны стратеги базонгæ кодтой, кæцы ныридæгæн бакуыстгонд у æмæ йæ æввахс рæстæджы цæрджытæн бавдисдзысты, кæцы ацы хъæуты ноджы тынгдæр сфидар кæнын нысанæн æвæры.

Ныхас кодтой 2013 азы дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты арæзт зианбаййафæг цæрджыты æнæмæнгхъæугæдзинæдтыл реагир кæныны рæстæгмæ хицауадон къамисы архайддзинадыл, кæцыйæн раст паддзахадон министры аппарат æмæ регионалон райрæзты æмæ инфраструктурæйы министрад къухдариуæг кæнынц æмæ кæцы цæрджыты æнæмæнгхъæугæдзинæдты рæвдз кæныны æмæ ифтонг кæныныл кусы. Нысангонд куысты фæлгæтты ахсджиаг æххуыс бакодта цæрджытæн æндæр æмæ æндæр æрдæмадæй.

Паддзахадон министр, иннæ уазджытимæ иумæ, фæндаджы асфальтгæнæн куыстытимæ дæр базонгæ ис, бабæрæг кодта донæмбырдгæнæн цъайы æмæ хлорсыгъдæггæнæны, кæцы хæрз æрæджы скуыста. Афтæ ма, æртæ хъæуы цæрджытæй сæ æнæмæнгхъæугæдзинæдты æмæ тыхстдзинæдты тыххæй информаци райста, дзуапп сын ратта сæ фарстытæн, проекттимæ сæ базонгæ кодтой, кæцытæ хъæуты райрæзтæн къух дæттынц æмæ кæцыты иу хай ныридæгæн æххæст цæуы, иннæ хай та æввахс фидæны райдайдзæнис.

Сæрмагондæй, Къаспы муниципалитеты дихгæнæг хаххы цур Сакоринтело æмæ Ахалшены хъæутæм бацæуæн фæндаджы асфальт кæныны проектмæ гæсгæ у 2700 дæргъ. м-ры асфальт-бетоны цъар саразын, афтæ ма плангонд у фæндаджы дыууæ фарсæрдыгæй дæр 4038 дæргъ. м-ры æфсæйнаг-бетоны донлæдæрсæн къанауты саразын, абоны уавæрмæ гæсгæ, куыстытæ активонæй æххæст цæуынц.

Сакоринтлойы хъæуы цæрджыты нуазыны донæй сифтонг кæныны нысанæй муниципалон рæзынады фонды курдиатæй ныридæгæн фесты донæмбырдгæнæн цъайы арæзт, афтæ ма, хъæуы цæмæй арæзт æрцæуа дихгæнæн хыз. Плангонд цæуы централон фæндаджы асфальт кæнын дæр.

Паддзахадон министр цæрджытимæ августы хæсты фæстæ сырæзгæ уавæрыл æрныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй зындзинæдтæм æнæгæсгæйæ, паддзахады курс æнæфæцудгæ у æмæ уæвæг проблемæтыл кусы сабырдзинадимæ, рæзынадимæ æмæ размæцыдимæ.

«Абон мах æмбæлæм Сакоринтелойы, Квемо Чъалайы æмæ Ахалшены хъæуты цæрджытимæ, фæлæ ай у æрвыст алы хъæуы цæрæгæн, кæцы ныр 10 азы дæргъы сындзтелгæрæны ныхмæ цæры – мах адарддæр кæндзыстæм æмæ ног этапыл схизын кæндзæстæм ацы хъæуты рæзынады».

«Мах къахдзæфтæ кæнæм æмæ фидæны ноджы фылдæр динамикон къахдзæфтæ акæндзыстæм кæрæдзийæ адардгонд æхсæнæдты ‘хсæны æууæнкдзинады арæзтады æмæ фидыдады ‘рдæм, цæрджыты гуманитарон хъæугæдзинæдты æмæ рæзынадырдæм. Аудæм æмæ адæрддæр кæндзыстæм аудын цæрджыты æнæфыдбылыздзинадыл конфликты æххæстмасштабон æрбæстондзинадмæ дæр», - фехъусын кодта паддзахадон министр.

Сакоринтелойы, Квемо Чъалайы æмæ Ахалшены хъæуты цæрджытимæ паддзахадон министр æрныхас кодта ног сабырадон инициативыл «Къахдзæф хуыздæр фидæнырдæм», кæцы фыццаджыдæр конфликтæй зианбаййафæг, дихгæнæг хæххытæм ‘ввахс цæрæг адæймæгты æнæфыдбылыздзинадыл аудыны нысан æвдисы æмæ кæцы ратдзæн гæнæндзинæдтæ сындзтелгæрæны дыууæ фарсырдыгæй цæрджытæн дæр базарады, ахуырады æмæ сервизты æнцонвадат скæныны æрдæмадæй.

Цы хауы 2013 азы арæзт дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты зианбаййафæг цæрджыты æнæмæнгхъæугæдзинæдтыл реагир кæнынæн рæстæгмæ хицауадон къамисы куыстмæ, уымæй фæнысанкæнинаг у, цæмæй уый фæлгæтты, 2013-2018 азты конфликтæй зианбаййафæг бынæттон цæрджыты зымæджы периоды хъармдзинады сифтонг кæныны хæрдзтæ Гуырдзыстоны хицауады ‘рдыгæй финансгонд æрцыд. Кæцы уый нысан кæны, цæмæй Гуры, Карелы, Къаспы, Сачхерейы, Оны, Хашуры муниципалитеты цæрæг 12 минæй фылдæр бинонтæ æрвылазы исынц нысангонд æххуысы.

Фесты кæронмæ арæзт газификацийы æмæ электроэнергийы куыстытæ, бæстонгонд æрцыд æмæ дарддæр кæны нуазыны æмæ иригацион доны системæйы реабилитацийы куыстытæ, сарæзтой донæввонг цъайтæ, хлорсыгъдæггæнæнтæ, бæстонгонд æрцыд донхæрæггæнæн системæтæ æмæ цъирæн станцæтæ.

Æххæстæй финансгонд цæуы уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыр уыцы студенттæн, кæцытæ дихгæнæг хаххы цур хъæутæй сты. Ай тыххæй 2013-2018 азты паддзахады бюджетæй 7 418 980 ларийы бахардзис. Афтæ ма, арæзт æрцыд скъолæйы инфраструктурæ. Æххæст цæуы ахуырдзауты скъолæтæм æнæаргъæй транспортиркæнынад. Цалцæггонд æрцыдысты хъæуы амбулаторитæ, срæвдз сæ кодтой медикон ифтонггарзæй. Сасфальт кодтой æмæ бацалцæг кодтой сæйраг фæндæгты Карелы, Къаспы æмæ Гуры муниципалитетты æмæ а.д.


 

Print