Цхинвалы районы Громы хъæумæ Меджврисхеуæй 15 адæймаджы зианы
хистмæ ацыдис. Ай тыххæй уыдон уырыссаг постыл ахызтысты.
Гроймæгты æххуысæй уырыссаг æфсæддонтæ меджврисхеуæгты хъæумæ
бауагътой, æрмæст бæрæг рæстæгмæ хъуамæ фæстæмæ раздæхтаиккой.
Хисты дыууæ хъæуы цæрджытæ кæрæдзиуыл фембæлдысты. Бынæттон
цæрджытæ зæгъынц, цæмæй уый уыдис тынг эмоцион фембæлд.
«Æрымбырд стæм хъæуы адæм æмæ загътам, цæмæй сыхаг хъæуы ахæм
адæймаг фæзиан, æмæ нын æндæр гæнæн нæй хъуамæ æнæмæнгæй ацæуæм.
Уый уыдис дыууæ къуырийы размæ. Куы нæ федтой уыйас адæмæй бацæугæ,
стыр эмоцитимæ ныл фембæлдысты. Уæлдай кад уыд зианы хицæуттæн», -
загътой Меджврисхеуы.
Меджврисхеуæгтæ дзурынц, цæмæй уым уæвыны рæстæджы уыдонæй иу дæр
хæсты кой не скодта. «Æппындæр хæсты кой нæ ракодтам, не
‘рымысыдыстæм уыцы æвирхъау цауты дæр, кæцытæ хæсты рæстæджы
æрцыдысты».
Гъадзадзе Нугзар зæгъы, цæмæй иу гроймаг лæг меджврисхеуæгты
уынынмæ, Ларсы постыл специалонæй рахызтис: «Рацыдис уыцы лæг
Владикавказæй, Ларсыл рахызтис, æрбацыди хъæумæ, биржайыл
алæууыдис, федта адæмы, фæцинтæ сыл кодта, алкæй дæр æрфарста æмæ
аздæхтис фæстæмæ Громы хъæумæ», - дзуры Гъадзадзе Нугзар.
2008 азы августы хæсты фæстæ ацы дыууæ хъæуы кæрæдзийæ а.х. арæны
нысангæнæг банертæй адард сты. Сындзтелгæрæн дзы нырма не смонтаж
кодтой.
Бынæттон цæрджытæ мысынц, цæмæй 2008 азы августы хæсты рæстæджы,
Меджврисхеуы бахизæны гроймæгтæ æрлæууыдысты æмæ морадерты нæ
бауагътой хъæумæ. Меджвисхеуы хъæуы хæдзæрттæ басудзынæй
аирвæзтысты.
«Раст уый тыххæй уарзæм гроймæгты» - зæгъы Тодадзе Тамар.