«Геристоба», Майрæмкуадзæны фæстæ, æртæ хуыцаубоны нысангонд цыд
Арбойы хъæуы æмæ Джеры. Джер уыд ацы дзуарнывы хохы бынат, Арбо та
– быдыры. Джер абон оккупиронгонд территорийыл ис, кæдæм этникон
гуырдзиæгты дэ-факто Хуссар Ирыстоны республикæйы æмæ Уæрæсейы
æфсæддонтæ нæ уадзынц.
Джеры сыгъдæг Гиоргийы аргъуан ис Леуахигомы денджызы æмвæзæй 2000
метры. Джеры хъæуы цæрджытæ уыдысты ирæттæ. Æмæ уый тыххæй топоним
«Джер»-ы равзæрдæн Макалатиа С. ирон «Джер жуар» кæнæ «Джер дзуар»
- цæдис кæны æмæ йын уидæгтæ суайнаг джгера æмæ мегрелаг джгеримæ
агуры.
«Геристобайы» тыххæй зонадон иртасæн сарæзта Гуры этнографион
музейы зонадон-æмкусæг, Кошоридзе Тамила. Уый дæр куыд Макалатиа
Серго, афтæ лигъдæттимæ ныхас кодта.
Газет «Дроебайы» 1883 азы №130 номыры фыст ис, цæмæй Джеры цæрæг
ирæттæ кувæндоны «Тамар цъхънарийы ацы Тамар паддзахимæ» цæдис
кодтой.
Иуæй-иу рауагъдмæ гæсгæ та, Картлийы паддзах Парсман (VI æ.)
ракуырдта Абхазийы Мтаврийы чызг Хваразма, кæцыйæн уыдис фырт
Варамадсад. Хваразмайы чындзы дзаума сыгъдæг Гиоргийы хайджын конд
дзуарныв æнæзæнæг паддзах йæ герийæн (усы фыртæн) ралæвар кодта.
Персайнæгты æрбабырсты рæстæджы паддзах Варамадсад хохмæ алыгъдис,
хохы цъуппыл сарæзта аргъуан æмæ дзуарныв дæ уым æрæвæрдта. Хъæуы
амæ гæсгæ схуыдтой Джер (Гери).
«Цæрджыты ‘хсæн Джеры тыххæй дыккаг таурæгъ дæр ис: Сыгъдæг Гиорги
куы амардтой хъизæмарæй, уæд æй хайгай скодтой. Йæ цонг æмæ йын йæ
сæр Джеры баныгæдтой, ацы бынат дæр уымæ гæсгæ, схуыдтой тавгери
(сæрджер). Джеры сыгъдæг Гиоргийæн æфсымæртæ дæр уыдис: Арбойы
дзуар, Атоцы сыгъдæг Гиорги æмæ Саркийы сыгъдæг Гиорги», - фыссы
стыр гуырдзиаг этнограф, Макалатиа Серги 1971 азы.
Геристоба иу райдыдта 27-æм августы æмæ иу даргъ кодта æртæ
къуырийы: фыццагсæргеритоба, дыккаг-астæугеритоба æмæ
æртыккаг-фæстаг геритоба, кæцы Арбойы нысан кодтой. Кувджытæ Джермæ
æппæт Картлийæ цыдысты æмæ иу æхсæв уым æрвыстой. Ацы дзуарнывмæ
цæуын цæрджытæ нæ фескъуыдтой комунистты хицауиуæджы периоды
дæр.
Адæмы уырнынадмæ гæсгæ, дам, сæргæритобайæн йæ хæс уыд хæйрæджытимæ
тох кæнын æмæ се скуынæг кæнын. Аимæ иумæ, Джер нымад цыд удæй
рынчынты, эпилепсийæ рынчынты, къуырматы, гобиты æмæ тæвд низты
хосгæнæгыл. Чидæриддæр Джеры тæригъæдтæ ракæны æмæ дзы ахходжын у,
уымæн хæйрæджытæ сæхи схицау кæнынц æмæ эпилепси дæр æмæ æррадзинад
дæр уый æвдыстыл нымадтой. Æндæр «æнæаххос» низæй рынчынæн, зæгъæм,
рæуджыты низ æмæ æнд. Джер не ххуыс кæны.
Джеры удæй рынчынты дзæбæх кæнынæн иу дзæвгар æнахуыр æмæ карз
æгъдау уыдис. Архивон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, «удæй рынчынты-иу раджы
Джеры хохы айнæгыл сæруырдыгмæ æрцауыгътой. Ацы бынат абон дæр
хъахъхъæдгонд цæуы æмæ уый дурæй амад æмбонды бахизæн дуары галиу
фарсæрдыгæй æвæрд ис. Ауындзæн айнæг бæрзонд у æмæ къулаив, цыранæй
ракæсын дæр тæссаг у. Удæй рынчыны иу Геристобайы ацы айнæгмæ
бакодтой, бæндæнæй-иу æй бабастой, йæ уæрджытыл иу ын цырагъсудзæг
ныххæцыд къухæй æмæ-иу ын загъта: «Зæгъ дæ хæйрæджы усы номы».
Адæмы ныхæстæм гæсгæйæ, хæйрæджы тасæй рынчын ницы дзырдта æмæ дам,
ницы дзуапп лæвæрдта. уæд дам иу æй хъаматы къæрццытæй æмæ топпы
гæрæхтæй тæрсын кодтой, цæмæй загътаид йæ хæйрæджы ном, тарст
рынчын иу хаттæй-хатт йæхи усы кæнæ зонгæ усы ном загъта».
Адæмы уырнынадмæ гæсгæ, иу хæйрæг рынчыны фæрæдийын кодта, цæмæй
мацы загътаид æмæ кæд айнæгæй ахаудтаид, уæд бынæй бæмбæг æмæ
бамбули тыд ис æмæ дам дæ ницы фæрисдзæнис. Уый дæр иу йæхи ныддур
кодта æмæ иу ницы дзырдта. Фæстагмæ иу, стыр фыдæбоны фæстæ рынчын
сдзырдта цыдæр æнахуыр сылгоймаджы нæмттæ (Кетусхан, Катусхан æмæ
æнд.) æмæ нæлгоймаджы нæмттæ (Илисхан, Гулисхан). Ацы нæмттæ иу
цырагъсудзæг гæххæттыл фæнысан кодта. Уый фæстæ иу рынчыны
айнæг-къæдзæхæй æрхизын кодтой, бæндæн иу райхæлдтой æмæ йын ацы
гæххæтты фæстæмæзылдæй йæхи къухæй судзгæ арты ныппарын кодтой.
Уыдоны уырнынадмæ гæсгæ, уæдæй фæстæмæ рынчын хъуамæ сдзæбæх
уыдаид.
«Куыд зыны афтæмæй, схоскæныны ацы карз æгъдау Джеры XIX æнусы
æмбисæй фæстæмæ ничиуал сæххæст кодта. Макалатийы уазæгуаты уæвыны
рæстæджы ма уый æрмæстдæр тынг ацæргæты зæрдыл лæууыд: - фыссы
Кошоридзе Тамила.
Джермæ кувæг адæм 27-æм августæй дыууæ къуырийы дæргъы иудадзыгæй
цыдысты. Кæмæн куыд уыдис нывондгонд, уымæ гæсгæ цыд дзуарнывырдæм:
иуæй-иутæ бæгъæввадæй цыдысты æмæ Джеры кувæндоны алыварс æрттæ
хатты сæ уæрджытыл быргæ зылдысты æмæ йын йæ къултæн батæ кодтой
афтæмæй. Лæгъстæгæнджытыл уыд урс халаттæ æмæ сæ сæртыл та
урссæрбæттæнтæ баст, сæрбæттæны кæрæттыл сырх аршиа хуыд (кæс
æфтуан).
Лæгъстæгæнæджы арфæты райсын Джеры дыууæ ирон мыггагæй – Бекошвили
æмæ Алборишвили æвзæрст цырагъсудзæг æххæст кодта. Ирон цæрджытæн
ахастæвдисæг исты сæрмагонд ритуалы тыххæй Макалатиа С. ницы
фыссы.
Фотойыл: Кошоридзе Тамила, Гуры историкон-этнографион музейы
зонадон-æмкусæг.
«Хъуыды кæнæм, ахæм исты куы уыдаид уæй æй æнæмæнгæй зонадон кусæг
загътаид. Æнæуи та, Леуахигомы цæрджыты хсæн махæрдыгæй
æрымбырдгонд æрмæгæй дæр бæрæггонд цæуы, цæмæй ирон цæрджытæ
дзуарыбоны рæстæджы ницы бæрæг хицæнгонд æгъдауы архæйдтытæ æххæст
кодтой. Дзарцъемы хъæуæй лигъдон Гогидзе Анастасийы ныхасмæ гæсгæ,
Джеры «сауджыны куыст æххæст кодтой» ирæттæ. Куывтой-иу, мыдадзын
цырæгътæ сыгътой æмæ гуырдзиæгтимæ иумæ æххæст кодтой ритуалты.
Ирон æмæ гуырдзиаг кувджытæ кæрæдзийы не взæрстой. Бынæттонтæ
гуырдзиæгтæн фыхтой хæбизджынтæ æмæ сын стыр лæггад кодтой», -
нысан кæны Кошоридзе Тамила.
Ноджыма иу детал: Макалатиа фыссы, цæмæй кувджытæ ам æхсæвæрвитынмæ
лæууыдысты æмæ æндæр æмæ æндæр ритуалтæ æххæст кодтой: уæрджытыл
быргæйæ иу æрзылдысты аргъуаныл, нывонд иу кæмæн уыдис, уыдон иу
кафгæ æмæ музыкæимæ æрзылдысты кувæндоныл. Æрбахастой иу семæ
алыхуызон нывондаг: мыдадзæй арæзт адæймаджы хуызæнгонд урсыты
мидæг. Къухдарæнтæ, хъусцæджытæ æмæ цонгдарæнтæ (браслеттæ). Нывонд
кæмæн уыдис, йæ бæрзæйыл иу æфсæйнаг рæхысы «Дадиануры» сæвæрдта
æмæ иу афтæ æртæ хатты æрзылдис аргъуаныл. Мыдадзын цырæгътæ иу
ссыгътой куыддæр иу æризæр. Лæгъстæгæнджытæ урс халатты æмæ
сæрбæттæнты куывтой.
Геристоба сыгъдæг аргъуанон дзуарыбон-бæрæгбон уыд æмæ йæ нысан
кодтой æгас Шида Картлийы, фæлæ, Чысыл Леуахигомы хъæуты фылдæр
хайæн хъæууон бæрæгбон дæр уыдис. Традици абон дæр даргъ кæны ацы
регионы уæвæг уæззау уавæрмæ нæ гæсгæйæ.