Ног хабæрттæ
Батиурæй хæдзарон фос бирæгъы тæсæй Имерхеумæ лидзы
Батиуры хъæуы Пилишвили Дурмишхан иунæгæй цæры. Цæрæнуат Карелы районы, Триалеты хохрæбыны ис. Уымæн хъæуы ис ставдкъах фос æмæ хуытæ.

Ацы хатт, Пилишвили Дурмишханæн æрвылбонон фыдæбон фæзынд. Бирæгъты æмæ тураты тæсæй дзæргъ йæ хъыбылтимæ сыхаг хъæумæ ахъуызы. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уымæн цалдæр хатты хъæддаг сырдтæ йæ фосы скуынæг кодтой.

Бынæттон цæрджытæ зæгъынц, цæмæй уыдонмæ сырдтæ, Борджомы хъæды басыгъды фæстæ, сбирæ сты.

Уый дзуры, цæмæй дзæвгар сбирæ сты турæтæ æмæ бирæгътæ, кæцытæ фосдонмæ дæр цæуынц. «Куыддæр фосдонæй фосы рауадзын, афтæ цъус рæстæджы фæстæ, фæцæйлидзынц Имерхеумæ. Куыд зыны афтæмæй, уым æдас бынат æнхъæлынц. Йæхицæн бынат дæр ссардта, зæронд пырхæнты. Æхсæв-иу уым фынæй кæны», - зæгъы Пилишвили Дурмишхан.

Батиуры хъæуы коммунистты рæстæджы 30-онг хæдзары бинонтæ цардис. 90-æм азты конфликты рæстæджы, ирон цæрджытæ хъæуы ныууагътой. Баззадис ма дзы дыууæ хо. Хотæй сæ иуы ракуырдта Пилишвили Дурмишхан.


Print