Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты Гуырдзыстоны паддзахадон
министры номæй сабырады æхсæнадæмон боны номарæны фембæлд ауагъта,
цыран Цихелашвили Кетеван НАТО-йы генералон нымæрдары хæдивæг, Роуз
Гомиолерæн, дипломатон корпусæн, æхсæнадæмон организацитæн,
æмбæстагон секторы минæвæрттæн æмæ конфликтæй зианбаййафæг,
дихгæнæг хаххы цур хъæуты цæрæг сылгоймæгтæн бафысымиуæг кодта.
Паддзахадон министр уазджытæн раарфæ кодта кæй æрбацыдысты уый
тыххæй æмæ расидтис, цæмæй Роуз Готмиолеры уазæгуатæй ноджы иу хатт
Гуырдзыстоны æмæ йæ адæмы рдæм НАТО-йы æнæцудгæ фарсхæцынад æвдыст
æрцыд.
«Уырны мæ, цас фылдæр сылгоймаг хайад райсдзæн сабырадон процессы,
уымæй фылдæр сабырад уыдзæнис æппæт дунейы, цыран æнамондæн тынг
бирæ конфликт ис æмæ пырхытæ абон дæр. Сылгоймæгтæ арæх хæсты æмæ
конфликты алкæмæй æгъатыр амæттаг вæййынц, фæлæ уыцы сылгоймæгтæ
арæх сабырады алкæмæй активон æмæ ныфсхаст актортæй сæхи равдисынц.
Сымахæй алкæмæндæр хицæнтæй стыр бузныг зæгъын æмæ уыдонæн дæр
кæцытæ абон ам не сты, фæлæ активон сабырадуæвæг у».
«Ам сты адæмон дипломатийы хайадисæг сылгоймæгтæ, кæцытæ бирæ азты
дæргъы уæхскуæзæй, æнæуынæрæй кусынц æмæ тох кæнынц уый тыххæй,
цæмæй саст хидтæ æмæ æууæнкдзинад сæндидза æмæ макуыуал фæлхатгонд
æрцæуа тугкалд æмæ рыстдзинад. Ам сты сылгоймæгтæ, кæцытæ цæрынц
сындзтелгæрæны ныхæй-ныхмæ æмæ æрвылбон, ацы уæззау реалондзинады,
иннæтæн уынын кæнынц сæрыстырдзинады, фæндондзинады æмæ
хæлардзинады цæвиттоны, сæхæдæг дæр æххуыс кæнынц æндæртæн».
«Ам сты абон активон æмæ хъæбатыр сылгоймæгтæ оккупирон
территоритæй, кæцыты тыххæй, чи сты, æргомæй нæ зæгъдзынæн, уыдон
æхсæн медиктæ, амалиуæгтæ, уæлдайдæр та ахуыргæнджытæ, нæ рæстæджы
зынгæ хъайтартæ, кæцытæ хисæрмагонд æдасдзинады рискы аргъæн аудынц
фидæны фæлтæры фервæзын кæныныл, æмæ архайынц фактивонæй гуырдзиаг
сабитæн хорз ахуырад радтой. Стыр бузныг уыдонæн ацы хъайтардзинады
тыххæй», - банысан кодта паддзахадон министр.
Ам ма уый бузныг загъта журналисттæн уыцы уæндондзинады æмæ
хъæбатырдзинады тыххæй, кæцы равдыстой хæсты æмæ гæрзифтонг
конфликтты рæстæджы – хисæрмагонд цæрæнбоны рискы аргъæн фенын
кодтаиккой хæсты æгъатырдзинад, цæмæй сабырадыл фылдæрдæр
аудæм.
«Æмæ фæстагмæ, алы сылгоймагæн æмæ мадæн мæ фæнды алы бон дæр ын
уæд сабырады бон, уымæн æмæ мæ уырны, алы мадæн дæр, абхаз уыдзæн
æви ирон, æмхуызонæй нысаниуæгджын у хъæбулты сабырадон фидæн æмæ
уый уыдзæн нæ иумæйаг интерес дæр æмæ фидауыны сæраг бындур дæр», -
загъта Цихелашвили Кетеван.
Роуз Готмиолер дихгæнæг хаххы иннæ фарс цæрæг адæймæгты ролыл
æрныхас кодта æмæ загъта, цæмæй раст уыдонæн у зын уыцы алыхуызон
уæззау уавæртæн бафæразын.
«Рæстæгæй-рæстæгмæ мæ адæм фæрсынц, НАТО хихъахъхъæныны цæстæнгасæй
дарддæр ма цæй мидæг ис активонæй хайадисæг. Æз алыхатт дæр дзуапп
дæттын – хихъахъхъæнынад, быхсынад æмæ сабырады æрфидар кæнын
альянсы иуæй-иу сæйраг раздзæуæг хæслæвæрд у. Мæн фæнды тынг стыр
бузныг зæгъон уыцы адæймæгтæн, кæцытæ нæ ахуыр кæнынц сабырады
аргъы. Уæлдайдæр уыцы адæймæгтæн, чидæриддæр цæры дихгæнæг хаххы
фарсмæ, кæцытæ æрвыл бон æвзарынц уыцы зындзинæдты, кæцытæ уыдонæн
регионы ис. Басиддзынæн сымахмæ, цæмæй нæ сымахæй кæй фæнды сахуыр
кæнæм сабырады фæндæгтæ, сымахæй хъуамæ банкъарæм уый», - загъта
Роуз Готмиолер.