Ног хабæрттæ
Бахтадзе Мамука: «Махæн фидарæй ис хъуыдыгонд оккупацийы фарсмæ цæрæг не мбæстонтæм фæхæццæ кæнæм хъæлæс»
Оккупирон территоритыл уæвæг ситуацийыл æрныхас кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Бахтадзе Мамука «Сабырадон самитыл» ныхасы рацæугæйæ.

Мадзал Нью-Йоркы, ИНО-йы генералон ассамблейы 73-æм сесийы фæлгæтты арæзт æрцыд.

Хицауады сæргълæууæджы ‘рдыгæй нысангонд æрцыд, цæмæй уæвæг быцæусидтытæм нæ гæсгæйæ, агрессийæн Гуырдзыстон конституцион хайадистæй, сабырадон уынаффæтырдæм арæзт бадзырдтæй дзуапп кæны.

«Ничи аргъ кæны сабырадæн афтæ, куыд уый, чидæриддæр йæхи сæрыл бавзæрста уыцы цухдзинад. 21-æм æнусы ноджы стæм сендзтелгæрæнты арæзты процессы уынæг, кæцы бинонты астæуыл дих кæны æмæ адæймæгтæн сæрмагонд цæрæнуаты скъуыддзаг кæны. Ныртæккæйы экзистенциалон быцæусидтытæм нæ гæсгæйæ агрессийæн конструкцион хайадистæй æмæ сабырадæй ахицæн кæнынырдæм арæзт бадзырдтæй дзуапп дæттæм. Махæн фидарæй ис хъуыдыгонд оккупацийы фарсмæ цæрæг не мбæстонтæм фæхæццæ кæнæм хъæлæс æмæ хицæндзинæдты хсæн хид ауадзæм цæмæй иудзинад æмæ хæлардзинад уа нæ адæмæн сомбоны. Ацы хъуыдыйæ Гуырдзыстоны хицауад 2018 азы апрелы мæйы нысаниуæгджын сабырадон инициативæ расидтис – «Къахдзæф хуыздæр фидæнырдæм», - загъта Бахтадзе Мамука «Сабырады самитыл» ныхасы рацыды рæстæджы.

Бахтадзе Мамука, ноджы-ма фембæлд ИНО-йы генералон нымæрдар, Антонио Гутиерешимæ. Фембæлды рæстæджы ИНО-йы генералон нымæрдар сфиксир кодта фидар фарсхæцынад Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн. Гуырдзыстоны премьер-министр раарфæ кодта Гутиерешæн фембæлды æмæ принципон фарсхæцыны тыххæй.

Print