2018 азы 29-æм сентябры райсомæй, Гуры муниципалитеты Хурвалеты
хъæуы цæрæг, йæхи сæрмагонд цæхæрадонæй оккупирон террторийы рдæм
Гуырдзыстоны æмбæстон, æртæ æнахъом сабийы мад Отинашвили Майайы
аскъæфтой. Ацы цауы фенджыты æрбадæтгæ информацимæ гæсгæ,
хотыхджын, маскæты конд гоймæгтæ сылгоймаджы аскъæфтой Гуырдзыстоны
контролы территорийæ, цыран сындзтелгæрæнмæ 50 метры дæрдзæфмæ
у.
Дэ-факто республикæйы дзыллон информацийы рапарахатшонд информацимæ
гæсгæ, 2-æм октябры Отинашвили Майайæн дэ-факто тæрхондон а.х.
«арæныл æнæзаконон ахизты» аххосæй дыууæмæйон развæлгъау ахæстоны
бадт стæрхон кодта. Уый ма ноджы «аххосджын кæнынц» æмбæстонтæй
æхца исын æмæ сын æххуыс кæнын «арæныл æнæзаконон ахизынæн».
Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ аскъæфты бынатмæ Отинашвили Майайы
бинонты хиуæттæ арæх бахизынц. Фæлæ, йæхæдæг Отинашвили Майа йæ мой
æмæ æртæ сывæллонимæ иумæ Гуры цæры, кæцы ноджы фылдæр абсурдон
кæны дэ-факто æдасдзинады куыстуаты аххосæгты. Адæмон хъахъхъæнæджы
информацимæ гæсгæ, цалдæр боны дæргъы, бинонтæн нæ уыдис фаг
информаци Майайы иумæйаг уавæры æмæ æдасдзинады тыххæй.
Хурвалеты хъæу дихгæнæг хаххы цур хъæуты хсæн сегасæй фылдæр
зианбаййафæг хъæу у. Сындзтегæрæнты сарæзты фæстиуæгæн хъæуы 36
гек. хъæууон-хæдзарадон зæхх, хизæнтæ, уæлмæрд æмæ цалдæр хæдзар
оккупирон хайы рдыгæй баззад, донхæрæггæнæн дон 2008 азæй æхгæд у
дэ-факто хицауадæн, адæймæгты аскъæфын æмæ æрцахсын зæгъæн ис æмæ
æрвылбонон сси. Бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ, уырыссаг æмæ
ирон а.х. «арæнгæстæ» арæх æрбахизынц сындзтелгæрæнтыл ацырдæм
Гуырдзыстоны контролгонд территоримæ. Фæстаг скъæфты цау 2018 азы
июны мæйы æрцыд. Фæнысан кæнын хъæуы уый, цæмæй Отинашвили Майа
Хурвалеты хъæуæй ныр 5-æм сылгоймаг у, кæцытæ уыдысты ахст. Ацы цау
ноджы иу хатт æвдисы конфликтæй зианбаййафæг сылгоймæгты тынг
уæззау уавæры.
Проблемæты ноджы карздæр кæны уый дæр, æмæ æхсæнадæмон
барадхъахъæды æмæ цæстдарæгон организациты конфликтон регионтæм куы
нæ уадзынц уый дæр. 2008 азы августы 6 пунктон зынг фескъуыды
бадзырды фехалынæй, Уæрæсейы Федераци къуылымпы кæны Евроцæдисы
цæстдарæгон Миссйы мандаты бауадзын оккупацион хаххы дыууæ фарсмæ
дæр. Адæмон хъахъхъæнæг нымайы, цæмæй æхсæнадæмон æхсæнад хъуамæ
активондæр скæна тыхархайд, цæмæй Уæрæсе сифтонг кæна конфликтон
регионтæм æхсæнадæмон организациты минæвæртты æдасæй бауадзыны
амалдзинады. Цхинвалы абон нæй иунæг хæдбар уагдон дæр, нæдæр
бынæттон æмæ нæдæр æхсæнадæмон, кæцы фембæлдаид ахстытимæ æмæ сын
информаци фехъусын кодтаид бинонты уæнгтæн .
Адæмон хъахъхъæнæг хъусын кæны Гуырдзыстоны хицауадæн, æхсæнадæмон
организацитæн, тынг карзæй æрывæрой æмæ бавдисой, Уæрæсейы
Федерацийы рдыгæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты цæрæнбоны æмæ
сæрибардзинады, уæгъдибар рацу-бацу кæныны барты фехæлды фактытæ;
Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдартæн – баныхас кæныны боны
фæткмæ хаст æрцæуæд ахстыты тыххæй информацийы ивыны ноджы эфектон
механизмы саразын кæнæ уæвæг, Евроцæдисы цæстдарæгон Миссийы эгидæй
архайгæ тæвд хаххы куысты рауæрæх кæнын æмæ фæхуыздæр кæныны. Ай
гæнæн ис æмæ уа ахсты комкоммæ телефонон бастдзинад бинонтимæ,
конкретон гоймæгтæн ахæстыты уавæрты, ахсты уавæрты бабæрæг кæныны
мандаты раттын æмæ а. д. Амæй дарддæр ма, тынг нысаниуæгджын у Сырх
Дзуары æхсæнадæмон комитетæн Уæрæсейы Федераци æмæ дэ-факто
хицауадтæ раттой æнæкъуылымпыйæ æмæ æнæарæнгондæй бауадзын
оккупирон территоритыл уæвæг æхгæд уагдæттæм.