Хурвалеты хъæуы цæрæг Хурошвили Сосо ныр цалдæр азы мыд аразы. Уый
уыцы фермертæй сæ иу у, кæцы Евроцæдисæй лæварæн райста мыды
чыргъæдтæ. Ныртæккæ уымæн ис 70-онг мыдыбындзы чыргъæд.
Уый ныхасмæ гæсгæ, мыд кæцыйы реализаци нырма æрмæст Гуырдзыстоны
масштабæй конд цæуы, у экологион сыгъдæг, кæцы зындгонд у æгас
бæстæйы масштабæй.
«Сауфагæйы мыд тынг арæх нæу Гуырдзыстоны, йæ дидинæг тынг хорз у
мыдыбындзы сбирæ кæнынæн. Æрвыл аз дæр байтауын сауфагæйы, йæ
алыварс ын æрывæрын чыргъæдты æмæ райсын æппæты хуыздæр мыд. Мыды
бындзытæ дидинæгæфтыд сауфагæйы нектарæй аразынц æмæ уыцы бынаты,
цыран ацы зайæгойы тауын, уым не рцæуы пайдагонд хъæстæ-химикаттæй,
æмæ уымæ гæсгæ мыд у экологионæй сыгъдæг», - зæгъы Хурошвили
Сосо.
Ныр иу азы бæрц, Евроцæдис Гуырдзыстоны уыцы бæстæты нымадмæ
бахаста, кæцытæм тагъд эвробазарыл мыд ахæсдзысты. Фæлæ, цалынмæ
уый æрцæуа уæдмæ уал гуырдзиаг фермертæн бæрæг хæсдзинæдтæ ис
сæххæст кæнинаг. Уыдон æхсæн ис мыды хъæддзинады басгарын, цæй
тыххæй дæр Евроцæдисы æххуысæй Гуырдзыстоны ныридæгæн 11 лаборатори
функционир кæны.
Гуырдзыстоны хъæууон-хæдзарады лабораторийы ацы этапыл дыууæ
æрдæмадæй арæзт цæуы иртасæнтæ, ай у хæлцады æмæ хъæддзинады
æрдæмад, фæлæ лабораторийы директор Гуледани Иракли куыд зæгъы,
уымæ гæсгæ æрвылазон домынад мыды басгарыныл стыр нæу. Ацы азы,
лаборатори æдæппæт цалдæр, дыууыны онг мыды ацахост (проб)
раиртæста.
Гуырдзиаг продукцийы æмæ уыдон æхсæн мыды Европæйы базарыл рахæссын
ассоцирады бадзырды экономикон хай у.
«Enpard»- ы информацион къухдариуæггæнæг Хунцъариа Тамар нын
радзырдта, цæмæй æндæр продукттæй хъауджыдæр мыд стандартты не
сæххæст кодта æмæ нæдæр европæйаг базармæ бахаудта. Фæлæ бæрæг
арæнгæндты сисыны фæстæ, гуырдзиаг мыд гæнæн ис æмæ тагъд Европæйы
базармæ хаст æрцæуа.
Уый тыххæй, цæмæй гуырдзиаг мыд Европæйы базармæ хаст æрцæуа,
иуæй-иу домындзинад йæ бæрцы фæфылдæр кæнын у. раст уый тыххæй,
Евроцæдисы æххуысæй, Гуырдзыстоны хъæууон хæдзарады министрад
хъæууон кооперативтæ сарæзта, цыран цалдæр фермьеры баиу сты æмæ
мыды уадзын райдыдтой. Ахæм кооператив Гуырдзыстоны ныридæгæн дæсæй
фылдæр функционир кæны.