რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
|
Ног хабæрттæ
Киндзаты хъæу
Мах æртæйæ стæм. Æз Гуга, мæнæ уый Патъула у æмæ уый та – Никъа у.
Куы æризæр вæййы уæд сабитæ рацæуæм фæзуатмæ, стадион нын нæй æмæ
ам быдыры хъазæм футболæй, каруселтыл нæхи ирхæфсæм, иуæй-иу хатт
«уый хицау цы бакæна»-йæ дæр хъазæм æмæ æндæр хъæзтытæй дæр.
Футболæй хъазын хорз нæ зонæм, стадион дæр нын нæй æмæ æндæр хъæзтытæ дæр кæнæм, нæхи ирхæфсæм æмæ ноджы афтæ дарддæр
Нæ хъæуы мах бирæ сабитæ не стæм, фæлæ уæддæр зæгъæн ис æмæ сабитæ ис хъæуы.
Уый Мцхетайы дзуар у, уæлдæр ис Киндзаты хъæу, æрмæст ардыгæй нæ зыны, уый мах хъæу у, дæллаг Киндзаты хъæу æмæ уый раз та ис Али.
Мах хъæуы стæм, зæгъæн ис æмæ 15 сабийы. Стадион нын нæй, мæнæ куыддæр бахизай хъæумæ афтæ уым ис каруселтæ æмæ каруселты фарсмæ ис стыр фæзуат бæлæсты ‘хсæн æмæ уым фæхъазæм футболæй. Къулдуæрттæ нын хъæдæй арæзт сты, порти дæр нын ис, фæлæ нын стадион нæй.
Æрмæст стадион нæ, фæлæ нын бирæ цыдæртæ ныфс æвæрынц, фæлæ аразгæ ницы кæнынц.
Фæндаг, бирæ нын баныфсæвæрдта, фæлæ æрмæст æрхизæны чысыл фадыг бацалцæг кодтой.
Сындзытæ æмæ ноджы бирæ цыдæртæ ис, кæцытæ мын мæ къах риссын кæны.
Адон Киндзаты скъолæйы ахуыр кæнынц æмæ æз та Сурамы вæййын æмæ Сурамы астæуккаг скъолæйы дыккаг къласы ахуыр кæнын.
Ног Киндзаты хъæу ис, хъæу адих, зæгъæн ис æмæ нæ адих, лæбырд мæр ис Киндзаты хъæуы. Мах хъæуы сыджыт ралæбырд æмæ хæдзæртты йæ быны фæкодта, иутæ дзы ныппырх, уæд райком уыдис æмæ нæ райком ам æрцæрын кодта, æнæхъæн хъæуы. Фæлæ уый фæстæ куы фæзынд зæххы бынæттæ, куы райдыдтой – мæн у, дæу у, хъæуты, алчи йæхи бакодта æмæ нын алелæгтæ бар нал раттой, æнæуи сæхæдæг дæр уынгæг цæрынц æмæ бар нал раттой æрцæрынæн, ныртæккæ алы хъæумæ дæр фæндæгтæ арæзт ис, фæрсæм сæ – фæндæгтæ кæд сараздзысты? «Нæ дам, зонæм, ацы азы сараздзысты æви иннæ азы» æртæ азы у ныр афтæ нын дзуапп кæнынц. «Ацы азы нæ, иннæ азы уыдзæн» ныр [2025] азмæ аргъæвтой ацы иу чысыл бынаты змис ныккалын æмæ саразын. Цы проблемæ у?
Дон нын сарæзтой æмæ нын уый дзурынц æдзух, æндæр ницы. Нæма нæ рацыд дондæр, куы йæ сарæзтой уæдæй нырмæ, æвзæрстытæ куы æрæввахс вæййы, уæд райдайынц хъæутæм цæуын, хъæутыл зилын, æндæр рæстæджы уыдон махмæ никуы цæуынц æмæ нæ нæдæр фæрсгæ кæнынц, цы цух стæм уымæй. Иухатт ацыдыстæм автобусыл, æмæ мæнæ ацы сылгоймаг, Гагнидзе Ленæйы сæрвыстам уæлæмæ, æрхизут нæм æндæра белтимæ æмæ къæпитимæ æрбацыдыстæм ардæм æмæ уыл ралæудзыстæм, зæгъгæ, æмæ дам, еныр ацæут, лæгъзтæ дам, уын кæнæм æмæ дам, æнæмæнгæй æрцæудзыстæм, уый фæстæ дыууæ азы аивгъуыдта, фæлæ сæ ничи разынд, стæй æрхастой атракцион, фæлæ комфортон арæзт нæу, æфсæйнаг у æмæ нæ бæззы, хъеллаугæнæн дæр афтæ, ницæйаг у, фæлæ дзы сабитæ уæддæр сæхи ирхæфсынц. Уый фæстæ доны тыххæй уыдис ныхас, стыр æхцайы фæрæз дам хардз æрцыд доны тыххæй, фæлæ кæм бахардз уыцы æхца нæу бæрæг, дон уæддæр нæй махæн.
Æхсæз метры къахт у бынмæ, æз æй мæхæдæг сарæзтон, 30 азы арæзт цъай у, уырдыгæй пайда кæнæм æмæ кусæм, ацы сыхы, зæгъæн ис æмæ алкæмæн дæр йæхи цъай ис.

ამავე კატეგორიაში
Сабибонты мæ фæндыдис рацыдаин хъæбысæйхæцæг, олимпиаг чемпион –
уый йеддæмæ
Уцълеу Хашурæй 29 километрмæ "ввахс ис. Хъæуы иудадзыгæй ничи цæры.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Ацы хæхты цур фæуд кæны Гуры муниципалитеты территори æмæ райдайы
Цъалкъайы муниципалитет.
Хæбæлаты Тамар Хъуариджыны хъæуы райгуырдис æмæ схъомыл ис.
ვიდეორეპორტაჟი
რა სიკეთეებს სთავაზობს ევროკავშირი სტუდენტებს - გორელი
ახალგაზრდების გამოცდილება
,,ეს წყალიც ერთი კვირა მოდიოდა. ვერ გამოიყენებდი დასარეცხადაც კი.
ახლა დგას კვარცხლბეკივით,"
ერგნეთის ომის მუზეუმში ლექცია-სემინარი ჩატარდა, სადაც მსმენელებს
წარუდგინეს 3 წიგნი -
ფილმის ჩვენებას დაესწრნენ შიდა ქართლში მცხოვრები სტუდენტები,
სამოქალაქო აქტივისტები და ჟურნალისტები.
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.
ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები