Хъæуы æдзухæй 4 карджын
сылгоймаг цæры. Адонæй 3 – Гассишвилиты (Гасситы) чындзытæ сты, æмæ
иу та – Майсурадзе у. Иннæ хæдзæрттæ, æхгæд
сты.
Раст у, æнцой бонты цалдæр хæдзары дуар байгом вæййы. Хашурæй
æмæ-иу æндæр горæттæй сæ фыдæлты артдзæстмæ æрбаздæхынц, фæлæ уыдон
фæстæмæ тагъд аздæхынц. Афтæ рауадис мах уым уæвыны рæстæджы
дæр.
Иу хæдзары бинонтæ машинæйыл хъæу хуры аныгуылдмæ ныууагъта.
Пандемийы тыххæй уагæвæрд коменданты сахаты райдайынмæ ма дыууæ
сахаты куы хъуыдис. Хъæу тагъд-тагъд ныууагътой æмæ цæугæдоны
фаллаг (Къуары цæугæдоны галиу) фарсмæ ахызтысты.
Хашуры муниципалитеты æппæтæй зынгæдæр бынат у Сурам, æмæ Боржомы
‘рдыгæй та- Ташискъари æмæ æндæр хъæутæ. Фæндæгтæ дæр нормалон сты
æмæ сæм бирæ улæфджытæ дæр цæуы. Фæлæ, ацы муниципалитеты ис ахæм
хъæутæ, кæцыты хъысмæт сæ къаддæр æндавы. Уый бæрæг у хæлд фæндæгты
æмæ нуазынæн нæбæзгæ донæй дæр.
Нæ ныхас у уыцы хъæуыл, кæцы Триалеты рагъы цæгат фарс ис. Ам-ма
æндæр хъæутæ дæр ис, цыранæй куыддæр æризæр вæййы, афтæ тынг хорзæй
разыны муниципалитеты рухс центр – Хашур æмæ йæ алфæмблай.
«Сымах журналисттæ стут? Кæцы къаналæй?! – Æвдисы уæ къанал
махмæ?», - адон уыцы фарстытæ сты, кæцытæн фыццаг рады хъуамæ
дзуапп радтæм.
- «Мах æрмæст интернеты стæм, æмæ телевизоры нæ уыдзыстут».

- «Интернетæй стут? Нæ хъæу уæ цæмæн бацымыдис кодта, антенæ
сывæрæнмæ хъавут?» - йæ цымыдисдзинад не ‘мбæхсгæйæ нæ фæрсы
Майсурадзе Натела. Уый Бекъамы хъæуы фехъуыста ахæм мифон истори,
ома дам, уым антенæйы сывæрыны фæстæ, фос ныццагъды сты.
Мах ын бамбарын кодтам, цæмæй не ‘рмæджытæ интернеты æвæрд кæй
цæуынц æмæ сæ æрмæст интернетпайдагæнджытæ кæй фæрсынц. Æмæ
антенæйы хабар та – мифон у. Дард фæндагыл цæуыны фæстæ, нуазæн
доны кранырдæм нæхи байстам.
«Уыцы цъайæ ма баназут, уæртæ иннæ цъайæ баназут дон. Уый хуыздæр
дон у», - загъта нын Майсурадзе Натела. Хæххон хъæуы дон хæрзадæн
банызтам. Фæлæ, уый фæстæ куыд рабæрæг, ацы дон уыдис «техникон»
дон, ома, дон, кæцы æрмæст уыдис цардуагон пайдакæнынæн
рекомендацигонд.
Цас зиан кæны адæймаджы æнæниздзинадæн техникон дон, уый тыххæй
бынæттон цæрджытæн къаддæр информаци ис. Крантæ сын ивгъуыд азы,
мериа сарæзта.
«Кæм ссыди дон, уым сарæзтой дренаж. Ацы хъæу ахæм у, æмæ дзы
æдзухæй доны проблемæ ис. Цæугæдон дæр уый тыххæй хуыйны
Гъвриацъхъали (змæстдон), дон æдзух змæстæй цæуы. Цæугæдоны былыл
арæзт ис дренаж æмæ уырдыгæй моторæй лæвæрд цæуы дон цæрджытæн», -
загъта нын Диди Халебийы темы депутат Сакребулойы, Тъабатъадзе Ноэ.
Уый ныхасмæ гæсгæ, æппæты фыццаг у, хъæуы доны проблемæ æрбæстон
кæнын, фæлæ амæн амалдзинад ацы рæстæгмæ, нæма ссардæуыд:
«Хохы алфæмблайы дæр агуырдтой суадоны дæттæ, цæмæй уырдыгæй
трубæты рауагътаиккой дон хъæуы онг. Фæлæ суадон дæр не ссардтой.
Уый тыххæй, сты цæрджытæ ахæм уавæры, пайда кæнынц ацы нæбæзгæ
донæй», - зæгъы Тъабатъадзе Ноэ.
Хъæуы баззайæг цæрджыты фыццаджыдæр тыхсын кæны куыройы проблемæ.
Ам сæйрагæйдæр нартхор æмæ хъæдур тауынц. Ай тыххæй, нартхоры
æрыссынмæ кæнæ Хашурмæ, кæнæ Хцисмæ ахæссынц.

Фотойыл: Кувæндон æмæ уæлмæрд
«Хæссæм æй дард ранмæ, стæй дæр хъуамæ æхца бафидай, кæнæ та дзы
ныууадзай куыройгæсæн, æмæ кæд алцыдæр куыройы ныууагътай, уæд ма
дзы ды та цы хъуамæ рахæссай хъæумæ. Уый тыххæй, æппæтæй хуыздæр у,
иу куырой нын саразой æмæ-иу ам нæхæдæг рыссæм не ссинаг», - загъта
нын бынæттон цæрæг.
Хъæуы депутаты, Ноэ Тъабатъадзейы ныхасмæ гæсгæ, куыройы саразын
7 000 ларийы онг лæууы. Хъæуæн та, алы азæн хицауад
10 000 лари дæтты. Хъæуы программæмæ гæсгæ, суммæйы бахардз
кæныны тыххæй æмбырд 2021 азы 23-æм февралы уагъд æрцыд. Æмбырдыл
дыууæ фарст æвæрд уыди: фæндаг æмæ куырой.
7-уæнгон æмбырдыл, æппын фæстагмæ, бетоны фæндаг саразын
аскъуыддзаг кодтой. Æмæ куыройы фарст чи рывæрдта, уый дæр «бетоны
фæндаг» саразыны фарс рахæцыд.
10 000 лари та, æрмæст 100 м дæргъмæ фадыгыл бетон кæнынæн
бахъæудзæн. Мерийы инфраструктурæйы куыстуаты хистæр, Пъапъуашвили
Гиорги зæгъы, цæмæй ацы уынаффæ рахастой æмбырдыл сæхæдæг цæрджытæ.
Уымæ гæсгæ, мах фарстæн, цæуылнæ аразы фæндаг мериа йæхи фæрæзтæй,
Пъапъуашвилы дзуапп кæны, цæмæй мериа алыранмæ нæ аххæсдзæнис. Уый
информацийæ, ацы азы бетоны фæндаг 15 хъæуы арæзт æрцæудзæнис –
стæй дæр алкæцы арæзт æрцæудзæн программæйы хардзæй.
Диди Халебийы теммæ хауæг, алы хъæумæ дæр ацы азы «Бетоны фæндаг»
скæнын аскъуыддзаг кодтой. Куыройы саразын æмæ доны проблемæйы
æрбæстон кæныныл та, æрмæст уæд ахъуыды кæндзысты, куыддæр комы
сæйраг магистраль æнæхъæнæй арæзт куы рцæуа. Ай та, дзæвгар азты
адаргъ уыдзæн, уымæн æмæ, алы хъæуы раз 100 м дæргъмæ бетоны фæндаг
сараздзысты. Фæлæ хъæуты ‘хсæн дæрддзæг – минимум 1 км-ы у.
Аграфинæ Гасишвили-Карсанашвилийæн (Гасситы-Карсанты) алкæмæй
тынгдæр йæ зæрдæ ууыл риссы, æмæ хъæуы дзæвгар бирæ уагъд
хъæдзæрттæ кæй ис. Изæры хъæуы центрмæ æрмæст цыппар адæймаг
æрымбырд вæййы, æмæ стæм хатт – уыдонæй искæцыйы хъæбул кæнæ
хъæбулы хъæбул. Адæмы фылдæр кæнынмæ сæрды æнхъæлмæ кæсынц.
Сæйрагæйдæр, Цæгат Ирыстонæй. Уымæн æмæ, 1990 азты конфликты
рæстæджы, этникон ирон цæрджытæн æндæр гæнæн нал уыдис æмæ Цæгат
Ирыстонмæ фæлыгъдысты. Пандемийы тыххæй сæ фарон, ничиуал æрцыдис.
Ацы аз та, фæндаджы байгоммæ æнхъæлмæ кæсынц.