«Ацыдаиккам æвзæрстытæм уæдæ цы хъуамæ кодтаиккам? Мах нæ фæнды
Европæйæ фæхицæн уæвын. Ис нын фидæн. Хъæбулы хъæбултæ мын ис,
кæцытæ уæлдæр ахуыр фæуд кæнынц æмæ сæ фæнды Европæйы сæ ахуыр
адарддæр кæнын.
Адон нын нæ фæндаг æрæхгæдтой, æмæ уæдæ адæм цы хъуамæ кæной?», -
афтæ райдыдта махимæ йæ ныхас Цъаблованайы хъæуы цæрæг Зедгенидзе
Венерæ æмæ адарддæр кодта ныхас хъæуы уæвæг проблемæты фæдыл.
Æвæугæ фæндаджы арæзтадыл, донхорыггæнæн системæйыл, æмæ «хæххон»
статусыл, кæцы цæрджытæн ницы реалон пайда хæссы, афтæ сахуыр сты,
æмæ æппæт адæттыл юморимæ ныхас кæнынц.
«Мах тыхсын кæнæм нæ хистæры, уый дæр æндæры тыхсын кæны, фæлæ куыд
уый сайынц, стæй афтæ сайынц мах дæр», - зæгъы нын Зедгенидзе
Венера.
Цæрджытæ хицауады аххосджын кæнынц æнæхъусдарды тыххæй, цæрджыты
ныхæстæм гæсгæ, хицауад сæ хъæумæ æрмæстдæр æвзæрстыты рæстæджы
æвдисы цымыдисдзинад, цæвиттонæн æрхæссынц хъæумæ цæуæн фæндаг,
кæцы нырма дæр у æдзæллаг уавæры æмæ къæвдайы рæстæджы уымæй
пайдагæнæн нæ вæййы. Зедгенидзе Венерайы ныхасмæ гæсгæ, фæндæгты
хæлддзинады тыххæй, хъæуы цæрджытæ протест дæр скодтой æмæ
бартхъирæн кодтой хицауадмæ æвзæрстытæм ма æрбацæуыны фæдыл, кæцы
иу бакастæй фæстиуæг дæр ратта, фæлæ куыддæр æвзæрстытæ фесты, афтæ
уайтагъд цы техникæ æрбаластой, уый фæстæмæ акодтой æмæ фæндаджы
арæзтад дæр æрдæгвæндагыл æрлæууыд. «Ныр та кæд æрцæудзысты? -
Æвæццæгæн иннæ æвзæрстыты рæстæджы æрцæудзысты ноджы», - худгæйæ
зæгъы Зедгенидзе Венерæ.
«Тагъд æххуысы машинæ нæм нæ цæуы, афтæмæй хъæуы фылдæр ацæргæ адæм
цæрæм. Фарон зымæджы æккойæ схастой дохтыры, иу лæг нæм куы
фæрынчын, уæд», - мысы Зедгенидзе Венера.
Цъаблованайы хъæу ис Хашуры муниципалитеты. Абон хъæуы цæры 30
бинонтæм ввахс.
Хъæуы цæрæг, Нозадзе Мевлуды ныхасмæ гæсгæ, хъæу хæххон зонæмæ
хауы, фæлæ амæй æфтиаг хъæуы цæрджытæ не нкъарынц.
«Ницы уæлбардзинад нын ис, уæлбар нын ис æрмæстдæр электрэнергийæн,
уый дæр 10 тетри. Нæй нын хицæндзинæдтæ æмæ уæлбартæ газ æмæ
æнæниздзинад хъахъхъæныны тыххæй. Электроэнергийæн 10 тетрийы куы
бафидон, уæд æм ноджы 10 тетрийы бафтаудзынæн æмæ йæ бафиддзынæн
æххæстæй, цæмæн ма нæ нымайынц хæххон зонæйыл», - хъынцъымгæнгæ
зæгъы Нозадзе Мевлуд.
Хъæуы зæхх бæркадджын у, фæлæ донуадзæн инфраструктурæ кæй нæй,
уымæ гæсгæ зæхкусджытæн сæ тыллæг баст у къæвдаджын бонтыл.
«Цы байтауæм, уый дæр æххæстæй нæ райсæм. Ацы аз æртын гектарæй
æрæмбырд кодтам тоннæ æмæ æрдæгы бæрц, кæцыйыл бахардз кодтам дыууæ
хатты фылдæр. Уым хъацæн, уым уый, уым уый, æмæ нын æфтиаг хъæуæн
нæй», - зæгъы нын Нозадзе Нестор, кæцы цæры Цъаблованайы хъæуы.
Бынæттон хицауады рдыгæй ныууагъд цъабловайнæгтæ, æнæразыдзинад
2024-æм азы æвзæрстыты процессы æмæ фæстиуæгты тыххæй загътой.
Уыдоны ныхасмæ гæсгæ «Гуырдзиаг бæллиц» стыр тыхархайд бакодта
æвзарджыты балхæнынæн. Цъаблованайы цæрæг Нозадзе Нестор æвзæрстыты
цæстдарæгæй уыдис – «Кæмæн гæртам радтой, кæмæ æртхъирæн бакодтой,
кæмæн æхца радтой æмæ арæзт æрцыд ахæм цыдæр. Рагацау сын адæм
æлхæд уыдис. Æртæ фысы дæр аргæвстой», – Нозадзейы хъуыдымæ гæсгæ
æвзæрстыты фæстиуджытæ логикæйæ цух сты, кæд æмæ уыцы рæстæджы
раздæры æвзæрстытыл хицауад ацы участокыл алыхаттдæр æмбылд
кодта.
«Ацы азы 300 хъæлæсы ис хицауадæн æмæ 200 та оппозицийæн ис, зæгъæн
ис æмæ сын ноджы къаддæр хъæлæстæ уыдаид, фальсификаци куы нæ
уыдаид, уæд», – банысан кодта Нозадзе Нестор.
Æфсымæртæ Гелашвили Константин æмæ Гиорги Цъаблованайы хъæуы
иудадзыг цæрджытæ сты. Къонстантиныл цæуы 23 азы, Гиоргийыл та – 14
азы. Цъабловайнаг сывæллæттæ астæуккаг ахуырад исынц Кемпры хъæуы
æхсæнадон скъолæйы. Къонстантин нын зæгъы, сæйраджыдæр хъæуы кæй
цæры æмæ кусы, кæцыйæ йæ зæрдæ рухс кæны. Йæхæдæг куыд зæгъы,
афтæмæй йæ бæллиц уыд йæхи фермæ саразын, æмæ йæ æххæст дæр скодта
скъола каст фæуыны фæстæ уайтагъд.
«Мæнæ уый у мæ чысыл фермæ, цыран мын ис куыдз æмæ ставдкъах фос
дæр. Уарзын мæ хъæуы хæхтæ дæр æмæ уæлдæф дæр. Æз æнæхъæн бон
æрвитын кусгæйæ. Сæйраджыдæр мæ фермæмæ зилын æмæ мæ бинонтæн
æххуыс кæнын. Мæ карæнтæ, зæгъæн ис, æмæ хъæуы ничиуал ис. Алчидæр
сæ кусынмæ ацыд. Сæйрагæйдæр кусынц китайæгтимæ фæндæгты
арæзтадыл», - зæгъы Гелашвили Къонстантин.