Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Атъоцы дихгæнæг хаххы цур халагъудтæ æрæвæрдтой – полицæ уыдон 30 метры æддæдæр ахæссын домы
Абон, Атъоцы хъæуы цур, змæлд «Тых иудзинады» лидер Кацарава Давитæн фехъусын кодтой, цæмæй халагъудтæ 30 метры бæрц æддæдæр, Гуырдзыстоны хицауады дæлбариуæг территорийы рдæм ахæссой.

Ай фæдыл Кацарава Давит комкоммæ эфиры, социалон хызы æххуысæй, фехъусын кодта. Уый ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад Уæрæсейы хицауады ‘рдыгæй райста хæслæвæрд, цæмæй халагъудтæ ахæссой æддæдæр.

«Абон, 9-æм декабры, полицæ 30 метры бæрц æрбахæцын æрдомдта. Аххосагæн загъта мах æдасдзинад, фæлæ, мах не сразы стæм ауыл, цас скъуыддзаг кæны 30 метры. Халагъуыддты æрбанцайыныл «нæ» зæгъæм. Кацарава Дато хъусын кæны, цæмæй хицауад уыдон фæстæмæ алæууын кæй домы. Ай фæстæ Тбилисæй махæн æххуыс кæнынмæ рацæугæ цалдæр машинæйы Шакшакеты хъæумæ ‘ввахс полицæйы посты цур æрурæдтой æмæ сæ Атъоцы ‘рдæм нæ уадзынц», - зæгъы змæлды уæнг Берулава Лаша.

Карелы муниципалитеты Атъоцы хъæуы цур, кæцы дэ-факто республикæйы дæлбариуæг Балтайы хъæуимæ æмарæн кæны, ног цæджындзты монтаж 2018 азы 1-аг ноябрæй райдыдтой. «Тых иудзинады» уæнгты ныхасмæ гæсгæ, ныридæгæн, уырыссаг æфсæддонтæ 148 цæджындзы смонтаж кодтой. Уыдон хъуыды кæнынц, цæмæй раст уыдоны активондзинады фæстиуæг, бахъыг дардта, уырыссаг æфсæддонты сæ куыст адарддæр кæнынæн.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.