Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Никозы Цыппурсы литурги æнæ алчер (архиепископ) Исайæ уагъд æрцыд
Никозы кафедралон аргъуаны Цыппурсыл æнæ алчер (архиепископ) Исайæ
сæмбæлдысты. Цыппурсы литурги Зæдты аргъуаны сауджын ауагъта.
Цхинвалы æмæ Никозы эпархийы алчер Исай та ныртæккæ Ахалгоры районы ис. Уый Цыппурсы литургийы оккупирон территорийыл сæххæст кæндзæнис.
Бæргбонон литургимæ Никозмæ бирæ адæм æрцыдис. Аргъуан Цхинвалæй æдæппæт 1 км дæрддзæфмæ ис.
Аргъуан тынг рагон у. Йæ фыццаг арæзтады бындур V-VI æнусты датæгонд цæуы. Джуаншеры бæрæггæнæнмæ гæсгæ, аргъуан Вахтанг Горгасалы фæдзæхстæй сарæзтой. Тынг рагон гуырдзиаг фыстмæ гæсгæ, аргъуаны фыццаг динамонæг епископ Закари уыдис.
19-æм æнусы кæроны, аргъуанæн реставраци Садзаглишвили Гиорги ауагъта (уый фæстæ та католикос Кирион).
Никозы æмæ Цхинвалы эпархи 1995 азы 9-æм апрелы ногæй райдыдта. Аргъуаны динамонæгæй Исайы (Чантуриа Зураб) снысан кодтой. Алчер (архиепископ) Исайы тыхархайдæй эпархийы архайын райдыдта Никозы Зæрдæвæрæны, Аунеуы Хуыцауы-Мады райгуырды, Куртайы Сыгъдæг Самебайы, Ларгуисы Теодоре Тъироны, Икъорты Алекси Беры номыл мадæлты моладзандон, Авлеуы Хуыцауы-Мады номыл фыдæлты моладзандон.
2000 азы 28-æм ноябры Гуырдзыстоны чырыстон дины аргъуаны иузæрдыг лæггады тыххæй епископ Исайæн сæйрагепископы, æмæ 2006 азы та Митрополиты ном лæвæрд æрцыд. 2007 азы 25-æм декабры уый хорзæхджын æрцыд Сыгъдæг Гиоргийы фыццаг къæпхæны орденæй.
2018 азы 10-æм декабры та, Гуырдзыстоны президент Маргвелашвили Гиорги гуманон идейæты парахат кæныны æмæ бæстæйы раз стыр хайбавæрды тыххæй Митрополит Исайы уæлахиздзинады президентон орденæй схорзæхджын кодта.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |