Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Чысыл Меджврисхеуы ног скъола Design-Build-ы методæй амад æрцæудзæнис
Гуры муниципалитеты Чысыл Меджврисхеуы хъæуы ног скъолæ арæзт æрцæудзæнис. Ай фæдыл информацийы регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрад парахат кæны.

Зæронд бæстыхайы базæйыл, цыран гом уыдис Анастасия Эристау-Хоштарийы музей, арæзт æрцæудзæн ног скъолæ Design-Build-ы методæй. Design-Build-ы метод у ахæм метод, кæцымæ гæсгæ, скъолæйы дизайныл, архитектор кусы бæстыхайы аразæгимæ иумæ, иу контракты фæлгæтты.

Астæуккаг скъолæйы бæстыхай хъуамæ нымадгонд уа 150 ахуырдзауыл æмæ дзы хъуамæ уа (фæлæ гæнæн ис æмæ дзы ма уа) ахæм тыгъдæдтæ:

- 12 скъолæйы хатæн, 3 кабинет æмæ 1 лаборатори;
- директоры кабинет, канцелари, бугалтери – архивимæ;
- ахуыргæнджыты хатæн;
- ахуыры хайады хатæн;
- библиотекæ, чиныг-æвæрæндонимæ;
- дохтыры кабинет;
- мандатуры/хъахъхъæнæджы хатæн;
- санитарон æлхынцъ блоктæ скъоладзутæн, администрацийæн æмæ арæнгонд гæнæндзинæдты уæвæг гоймæгтæн;
- хæлцады блок-хæрæндон/буфет;
- æфснайæджы хатæн ваннæимæ æмæ дезинфекцион бынатимæ;
- рекреаци:
- фойе гардеробимæ, къæлидор.

Пресс-куыстуаты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, рахицæнгонд ис 2,5 милуан лари. Тендеры фæстиуджытæ мартъийы мæйы æрцæудзысты зындгонд.

Topic: კატეგორია
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.