Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Цхинвалæй лигъдон студентæн Хетæгкаты Къостайы номыл стипенди лæвæрд æрцыд
Кавказы æхсæнадæмон университеты студентæн Илуридзе Робизонæн Хетæгкаты Къостайы номыл стипенди снысан кодтой. Ай фæдыл информацийы Фидыды æмæ æмбæстагон фарстæты паддзахадон министры пресс-куыстуат парахат кæны.

Пресс-куыстуаты минæвары ныхасмæ гæсгæ, уыимæ-ма иумæ стипенди ноджы райсдзæн Гуырдзыстоны техникон университеты фыццаг курсы студент, Абхазийæ лигъдон Циколиа Гиорги. Циколиа Гиоргийæн та - нысангонд æрцыд Гулиа Димитрийы номыл стипенди.

Стипенди, кæцы фыццаг хатт лæвæрд æрцæудзæн, хауы уыцы студенттæм, кæцытæ сты оккупацигонд территоритæй, æмæ кæцытæ иууон национ фæлварæнтыл, алкæмæй хуыздæр фæстиуæг фенын кодтойй æмæ алкæмæй фылдæр кулæтæ райстой, стипендийы бæрц æрвылмæй уыдзæнис 300 ларийы.

«Ацы къахдзæфæй мах фæнды бахахх кæнæм уый, цæмæй абхазаг æмæ ирон культурæйы бахъахъхъæнын махæн стыр нысаниуæгджын кæй у. Абхазаг æвзаг конституцион æвзагыл нымад у æмæ махæн ис специалон паддзахадон программæ, кæцы абхазаг æвзаг æмæ культурæйы рæзтæн ахъаз кæны. Афтæ-ма, уымæй дарддæр махæн стыр нысаниуæгджын у æмтгæй ахуырад æмæ уæлдайдæр та оккупирон территорийыл цæрæг æвзонг фæсивæдæн баххуыс кæнын сæ алы уыцы проблемæйы, уынгæ æви æнæуынгæ къуылымпыдзинæдтæм гæсгæ, кæцыимæ уыдон æмбæлынц фæлæ сын уæддæр ис стыр æнтыстытæ. Ай у алкæмæй растдæр дзуапп абон уыцы тыхмийы политикæйæн, кæцы дзæвгар азты дæргъы уагъд цæуы».

«Махæн ис ног сабырадон инициативæ «Къахдзæф хуыздæр фидæнырдæм», кæцыйы фылдæр хай раст хорз ахуырад райсын æнцонвадат скæнынæн лæвæрд цæуы. Мæн æнæдызæрдыгæй уырны æмæ, ацы конкретон къахдзæф кæй уыдзæн иуæй-иу уæлæмхас стимул уымæн, цæмæй æвзонг фæсивæд ноджы бæрзонддæр академион æнтысындзинад равдисой, ноджы сын фылдæр æнтыстытæ уа. Нæ фæндаг дæр раст уый у – фылдæр рухсадимæ, фылдæр рæзтимæ, иттæг нысанæрдæмад æмæ конкретон къахдзæфтимæ ныхмæ æрлæудзыстæм оккупацийæн, æмæ кæцыйыл мах æнæмæнгæй фæтых уыдзыстæм», - загъта Цихелашвили Кетеван.

Стипендиты снысан кæнын Гулиа Димитрийы райгуырдæй 145 азы æмæ фыццаг абхазаг мыхуырон медийы бындурæвæрды 100 азы юбилейы боны уыди.

Гулиа Димитри абхазаг фыссæг, абхазаг литературæйы бындурæвæрæг, Абхазы адæмон поэт æмæ ССРЦ IV-V фæхуындты уæлдæр Советы депутат уыд. Хетæгкаты Къоста та уыд, ирон адæмы уарзон поэт, фыссæг, ирон литературæйы бындурæвæрæг, рухстауæг æмæ нывгæнæг.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.