Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Гаглойты Гиорги – Гуырдзыстоны бындурæвæрæг æмбырды уæнг
1919 азы 12-æм мартъийы Гуырдзыстоны бындурæвæрджыты æмбырд байгом.
Æмбырды уæнгæй равзæрстой Гаглойты Гиорги, кæцы Гъуаребы хъæуы
(Танайы ком) райгуырдис. Уæды онг, Гаглойты Гиорги уыд Фæскавказы
сеймы æмæ Гуырдзыстоны национ советы уæнг (1918).
Национ совет, Гуырдзыстоны демократон республикæйы, фыццаг закъондæттæг органы æвдыста. 1919 азы Совет минæварон барлæвæрд Гуырдзыстоны бындурæвæрæг æмбырдмæ ратта, кæцы Гуырдзыстоны парламенты æрсидты онг йæ бæсты æххæст кодта.
Парламенты æрсидт 1921 азы оккупацимæ гæсгæ нал рауад.
Гаглойты Гиорги 1883 азы сауджыны хæдзары рацгуырдис. Райдиан ахуырад райста Гуры динон ахуыргæнæндоны. Йæ ахуыр адарддæр кодта Тпилисы динон семинарийы, кæцыйы ныууагъта дыккаг курсы фæуды фæстæ.
1918 азы дæргъы уыдис Гуырдзыстоны демократон республикæйы парламенты уæнг. 1918 азы йæ сæвзæрстой Гуры мазрон еробайы хмосанæй.
1919 азы 12-æм мартъийæ æвзæрст æрцыд Гуырдзыстоны республикæйы бындурæвæрæг æмбырды уæнгæй Гуырдзыстоны социал- демократон кусджыты партийы номхыгъдæй; уыдис фæндæгты къамисы уæнг.
1921 азы Советон Уæрæсейы ‘рдыгæй Гуырдзыстоны демократон республикæйы оккупацийы фæстæ баззад Гуырдзыстоны æмæ политикон куыст нал кодта.
1930 азы сси цæдисгæнæг коммунистон партийы уæнг. Уый фæстæ азты куыста Хуссар Ирыстоны автономон облæсты хъæууон-хæдзарадон уагдæтты.
1937-38 азты стыр Советон терроры рæстæджы Гаглойты Гиоргийы æрцахстой «Кæцыдæр фæсарæйнаг бæстæйы дзырдхæссæг», «бæстæйæн зианхæссæг», æмæ Хуссар Ирыстоны «Рахизты контрреволюцион, террористон, диверсион-зиангæнæг организацийы» уæнгдзинады аххосагæй.
Гуырдзыстоны ССР мидæххæсткомы уæвæг а.х. «Тройка» 1937 азы 9-æм ноябры Гаглойты Гиоргийæн æхсты тæрхон рахаста. Фехстой йæ 10-æм ноябры æхсæвы
1903 азæй уыдис Уæрæсейы социал-демократон кусджыты партийы уæнг. 1903 азæй Гаглошвилийы мыггагимæ куыста Ванаты хъæуы динон скъолæйы ахуыргæнæгæй; Гуры мазрæмæ ‘ввахс хъæуты зæхкусджыты ‘хсæн уагъта агитаци-пропогандæйы куыст, цæй тыххæй уый 1905 азы 6-æм январы (зæронд стилæй) æрцахста жандармери Цхинвалы, фæлæ йæ тагъд, 1905 азы 17-æм октябры манифесты рапарахат кæныны фæстæ, амнистийæ ссæрибар кодтой.
1905 азæй куыста рсдмп-йы «Меньшевикты» фракцийы. Реакцийы райдыды фæстæ 1906 азæй куыста Мæскуыйы æмæ Терк-Дагъестаны партион организациты, цыранæй уый 1907 азы сæвзæрстой делегатæй Рсдмп Лондоны съездыл.
1908-1912 азты цардис фæсарæнты – Германы æмæ Швецарийы, куыста Манхены æмæ Давосы социал-демократон организациты. Элетротехникæйы дæсниадæй фæцис Германийы Манхеймы уæлдæр инжинерон ахуыгæнæндоны курс.
1912 азæй фæстæмæ æрыздæхтис Уæрæсейы империмæ æмæ партион кусæгæй куыста Цæгат Кавказы – Армавиры; социал-демократон прессæйы мыхуыр кодта фыстæджытæ ахæм фæсномыг нæмттимæ: «Дарьял», «Викторь» æмæ «Писиров». Параллелонæй активон хайад иста гуырдзиаг рауагъдæтты дæр. Гаглойты Гиорги Армавиры сарæзта «Куысты биржа» æмæ ма сарæзта кусджыты къорд æфсæддон-индустриалон комитеты; æвзæрст уыд Армавиры хæдхицауиуæгады хмосанæй.
1917 азы февралы революцийы фæстæ æвзæрст уыдис Армавиры кусджыты æмæ æфсæддонты депутатты советы сæрдарæй, цыран бакуыста 7 мæйы дæргъы. Уый фæстæ æвзæрст уыд Каказы кусджыты æмæ æфсæддонты депутатты центры уæнгæй.
1917 азæй æвзæрст уыд Ирыстоны национ советы сæрдарæй. 1917 азы ноябры мæйы уый равзæрстой Гуырдзыстоны национ советы уæнгæй. Уæрæсейы бындурæвæрæг æмбырды æвзæрстыты рæстæджы уыдис социл-демократон партийы кандидат Кубаны æмæ Сау денджызы æвзарæн облæсты.
1918 азы февралы мæйæ уыдис Фæскавказы сеймы уæнг.
1918 азы мартъийы растады рæстæджы Гаглойты Гиорги Гуырдзыстоны хицауады интерестæ хъахъхъæдта. Цхинвалы большевикты инициативæй райдайгæ акциты рæстæджы горæтмæ Гаглойты Гиорги дæр ныццыдис. Уыцы рæстæгон уавæры тыххæй кæсут уæрæхдæр æрмæг:
Цы рцыдис Цхинвалы 1918 азы 18-æм мартъийы – растад хицæстæй фенæджы ныхæстæм гæсгæ.

«Меньшевикты» хицауадæй фехсынмæ

Царды азтæ 1903-17 азты

Гаглойты Гиорги æмæ 1918 азы мартъийы растад
Цхинвалы.
1918 азы мартъийы растады рæстæджы Гаглойты Гиорги Гуырдзыстоны хицауады интерестæ хъахъхъæдта. Цхинвалы большевикты инициативæй райдайгæ акциты рæстæджы горæтмæ Гаглойты Гиорги дæр ныццыдис. Уыцы рæстæгон уавæры тыххæй кæсут уæрæхдæр æрмæг:
Цы рцыдис Цхинвалы 1918 азы 18-æм мартъийы – растад хицæстæй фенæджы ныхæстæм гæсгæ.
Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |