Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
,,Цы куы зæгъай, чи йæхи барæй ацыд, чи…
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй
Гудзаргоммæ
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты дохтыр-агурджыты иу хайы кусын нæ фæнды – министры хæдивæг
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты æмæ хæххон статусы уæвæг цæрæнбынæтты
медицинон уагдæттæн цалдæр проблемæйы ис. Резидентты иу хай, кæцытæ
паддзахадон программæйы фæлгæтты дохтыр-агурджытæ сты, нысангонд
уагдæтты кусыныл нæй зæгъынц.
Æнæниздзинад-хъахъхъæнынады министрады нысанæмрастыл нымайынц, цæмæй Паддзахадон программæмæ хайадисджыты исгæйæ, резидентты хъуамæ хæсджын кæной, бæрæг хæсты æххæст кæныны тыххæй. Ай фæдыл, Æнæниздзинад-хъахъхъæнынады министрад бæрæг информаци райста паддзахадон рцъмунебулийы – губернаторы администрацийæ æмæ муниципалитеты æмбæлон органтæй.
Æнæниздзинад-хъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнмæ гæсгæ, проблемæйы æвзæрын кæны адæймагон ресурсты къаддæрдзинад, цæмæй дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты æмæ хæххон статусы уæвæг цæрæнбынæтты дохтыртæ бакусой. Уæлдайдæр ай хауы туберкулезы æмæ физикон æнæниздзинады къабазмæ. Министры хæдивæг официалон фыстæджы нысан кæны, цæмæй ацы къабазы, ног фæлтæрæй, дохтырон агурджыты нымæц хæрз цъус кæй у.
Уый информацимæ гæсгæ, фтизиатрийы æмæ психиатрийы професси Гуырдзыстоны тынг рагон у. Зæгъæм, фтизиатрийы кусæг специалистты 69,8% у пенсиагъоммæ æмæ пенсийы кары та (≥ 55 азæй). Фæлæ психиатрийы сертифициргонд дохтырты 66%-ы кар та у 50 азæй ахизгæ.
Министры хæдивæгы ныхасмæ гæсгæ, æрыгон фæсивæды цымыдисдзинад къаддæр у медицинон дæсниадмæ – «Патологион анатоми (клиникон патологи)». Реестры фиксиргонд 110 специалисттæй 72 (65%) ис 50 азæй ахизгæ.
«Уæлдæр фæнысангондмæ гæсгæ, мах растдæрыл нымайæм, цæмæй рауæрæх уа уыцы резидентты къорд, кæцытæ дипломы райсты фæстæ цæттæ кæнынæн финансгонд æрцæуой паддзахадон бюджетæй», - фыссы Æнæниздзинад-хъахъхъæнынады министрмæ, Сергеенко Давитмæ йæ хæдивæг.
Резидентон программæтæм 2019 азы райсгæ агурджытæ стæй дохтыры дæсниадты дæр уыдзысты - «Патологион анатоми (клиникон патологи)», «Психиатри», «Фтизиатори-пулмонологи», «Сабиты фтизиатори-пулмонологи».
Резидентон программæты уыдзысты уыцы дохтырон агурджытæ, кæцыты бинонтæ регистриргонд сты социалон æнæхъахъхъæд бинонты бæрæггæнæнты базæйы æмæ кæцыты рейтингон бал-кулæ у 100 000-йæ къаддæр.

Æндæр æмæ æндæр
Ног хабæрттæ
Популярон ногдзинæдтæ
Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад. |
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government. |