Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Дэ-факто Хуссар Ирыстоны генпрокуроры фæмарды фæдыл фыссынц
а. х. Хуссар Ирыстоны республикæйы генералон прокуроры Цгъойты Мерабы фæмарды фæдыл, дэ-факто президент Тыбылты Леонид сæрмагонд уынаффæйы æмбырд ауагъта.

Дэ-факто президенты уагъд æмбырдыл æрныхас кодтой Цхинвалы мидæг автомобилты æнæуагон змæлды фæдыл.

«Змæлыны уагæвæрдтæ халынц æрмæст хуымæтæг æмбæстæгтæ нæ, фæлæ ма барад хъахъхъæнджытæ сæхæдæг дæр. Уавæры рараст кæныны фæдыл, æз æнхъæлмæ кæсын уæ хъуыдыйæдтæм. Нæрайсгæ у, æмæ нæ фæндæгтыл мæлой не ‘мбæстæгтæ», – загъта Тыбылты Леонид.

Дэ-факто хицауады мидхъуыддæгты министрады бæрнлæг Лавойты Ахсар Тыбылты Леониды хъæппæрисæн дзуапп ратта.

«Азы райдайæны Уæрæсæйæ æнхъæлмæ кæсæм специалисттæм, цæмæй ныффидар кæнæм системæ – «Æдас горæт». Ацы системæ уавæры рараст кæндзæнис» – фæнысан кодта Лавойты Ахсар.

Фембæлдыл Тыбылты Леонид мидхъуыддæгты министрады бæрнлæгтæн бафæдзæхста уынгты змæлды уагæвæрдтæ фæкарздæр кæнын.

Цгъойты Мерабы, 9-æм январы, Советы уынг æмæ Джиоты Аланы проспекты цæхгæрыл машинæ скъуырдта. Цхинвалы официалон информацион агентады «РЕС» - ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, генпрокурор йæхи сæрмагонд машинæйæ рахызтис, фæлæ трагеди фæндагыл фæцæйхизгæйæ æрцыд.

Уыцы автомобилы скъæрæг, кæцы Цгъойты Мерабы скъуырдта, Цхинвалы милици бынатыл йæ æрцахста.

10-æм январы Цгъойты Мерабы мæлæты факты фæдыл дэ-факто Абхазийы генералон прокуратура сдзуапп кодта æмæ сæ коллегæйы мæлæты фæдыл мæсæллæйы фыстæг рарвыстой.

Фотойыл: Цгъойты Мераб

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.