Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Абҵaрa 2024 »»
п в с ч п с в
28293031 1 2 3
4 5 6 7 8 9 10
11 12 13 14 15 16 17
18 19 20 21 22 23 24
25 26 27 28 29 30 1
Ног хабæрттæ
Ачабетæй лигъдон Бабуцидзеты цард уымæл коттеджты (видео)
Бабуцидзе Джумбер æмæ Човелидзе Мзия 7 азы Хурвалеты лигъдæтты цæрæнуаты коттеджы цæрынц.

Уæззау социалон уавæрдзинадмæ ма æнæниздзинады проблемæтæ дæр бафтыд, кæцы бинонты уæнгтæй алкæй дæр тыхсын кæны.

Човелидзе Мзияйы зæронд мад инсултæй рынчын у. Йæ зæронд фыд та цæстæй хорз нæ уыны.

Бинонтæн иу хъæбул аварийы рæстæджы бабын, 10 аздзыд лæппуйы машинæ скъуырдта æмæ уым фæмард. Сæ чызг та хæсты фæстæ психосоциалон реабилитацийы курс цæуы.

«Ачабетæй рацыдыстæм. Мæ чызг хæлддзæгты бын фæцис æмæ йæ уырдыгæй тыххæй фервæзын кодтон. 2008 азы 11-æм августы рацыдыстæм. - дзуры Човелидзе Мзия.

Чызгæн паддзахад психосоциалон реабилитацийы курсы рацæуынæн æххуыс кæны. Ацы æххуысы æдде ма, медикаментты хицæн хай бинонтæ сæрмагонд бюджетæй æлхæны.

Бабуцидзе Джумбер хæдзары æфсинæн æрвылбон æххуыс кæны нуазыны дон æрбахæссынæн. Зымæгон уавæрты хæлд æмæ салд трубæтæм гæсгæ крантты дон нæ цæуы. Уымæ гæсгæ, уаргъ Бабуцидзе Джумберыл æрæнцад.

«Мæ каис (усы мад) дæр рынчын у. Йæ цæстыл операци æртæ хатты скодта, фæлæ уæддæр рæстмæ нæ уыны», - зæгъы Бабуцидзе Джумбер.

Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, ацы алцыппæтмæ ма уый дæр æфтыд цæуы, æмæ коттеджы къултæ уымæл кæй сты.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.